Тедеты Бахвæ
| |||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||
Æнæхъæн ном | Тедеты Отары фырт Бахвæ | ||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||
Райгуырдис |
1969-æм азы 18 сентябры[1][2] (55 азы) Цхинвал, Хуссар Ирыстон |
||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||
Æмбæстонад | ССРЦ, Уæрæсе | ||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||
Ас | 179 см | ||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||
Позици | æрдæгхъахъхъæнæг | ||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||
|
Тедеты Отары фырт Бахвæ (райгуырдис 1969-æм азы 18 сентябры, Цхинвалы) у Уæрæсейы футболист (æрдæгхъахъæнæг; раздæр уыдис размæбырсæг). Ныртæккæ у Хуссар Ирыстоны физикон культурæ, спорт, туризм æмæ фæсивæды хъуыддæгты фæдыл министры хæдивæг.
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]Бахвæ райгуырдис Цхинвалы. Футболæй райдыдта хъазын 1979-æм азы йæ райгуырæн сахары ДЮСШ-ы (уырыс. детско-юношеская спортивная школа). Йæ тренер уыдис Гæззаты Б.
Тедейы-фырт хъуыстгонд спортсмен ссис, Дзæуджыхъæуы футболон клуб «Алани»-йы хъазын куы райдыдта, уæд. Æдæппæтæй дзы фæхъазыдис 10 азы (1990–1992, 1994–1997, 1999–2001). Йæ хъазыны карьерæ куы фæцис, уæд Бахвæ цалдæр хатты уыдис «Алани»-йы сæйраг тренер (2002, 2003–2004, 2005).
Тедеты Бахвæ у, Уæрæсейы чемпионаты кæй бакъуырдта, уыцы пуртиты нымæцмæ гæсгæ «Алани»-йы рекордсмен — 50 пуртийы. Æдæппæтæй Уæрæсейы чеспионаты бакъуырдта 59 пуртийы æмæ уыцы бæрæггæнæнмæ гæсгæ æппæт хъазджыты номхыгъды ахсы 18-æм бынат.
1993–1994-æм азты Тедейы-фырт Уæрæсейы иугонд командæйы ахъазыдис 6 матчы æмæ бакъуырдта иу пурти. Уый размæ ма хъазыдис ССР Цæдисы æрыгон лæппуты æмæ фæсивæды командæты. 1990–1991 азты Бахвæ ахъазыдис 3 матчы ССР Цæдисы олимпаг иугонд командæйы.
Æнтыстытæ
[ивын | Бындур ивын]- Уæрæсейы чемпион (1995);
- Уæрæсейы чемпионаты æвзист призёр (1992, 1996);
- Уæрæсейы чемпионаты бронзæ призёр (1993, 1998);
- Фæсивæды ’хсæн Европæйы чемпионаты бронзæ призёр (1986).
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- 18 сентябры чи райгуырдис, уыдон
- 1969-æм азы чи райгуырдис, уыдон
- Зындгонд адæм алфавитмæ гæсгæ
- Цхинвалы чи райгуырдис, уыдон
- Спортсментæ алфавитмæ гæсгæ
- Футболисттæ алфавитмæ гæсгæ
- Футболон тренертæ алфавитмæ гæсгæ
- Уæрæсейы футболисттæ
- Уæрæсейы чемпионтæ (футбол)
- Тедетæ
- ФК «Аланийы» хъазджытæ
- Советон Цæдисы футболисттæ
- Ирон спортсментæ
- Футболон тренертæ