Алани (ФК)
Алани у Дзæуджыхъæуы футболон клуб. Къорды бындурæвæрд æрцыди 1921 азы. 1995 азы Алани бацахста фыццаг бынат Уæрæсейы футболон чемпионаты, 1992 æмæ 1996 æзты райста дыккаг бынат. 2011-æм азæй хъазы Футболон национ лигæйы. 2012-æм азæй ФК "Алани" райста дыккаг бынат æмæ рацыд Премьер-лигæмæ.
Йæ сæйраг тренер у Гæззаты Владимир. Клубы президент у Гæззаты Валери.
| Ацы статьяйы информаци сног кæнын хъæуы.
Ирон Википедийæн баххуыс кæн æмæ статья сног кæн, стæй ацы шаблон статьяйæ схаф.
|
Сæргæндтæ |
[ивын] Раздæры нæмттæ
- «Юнитас»
- «Динамо»
- КИМ
- Иугонд кусаг Ленины номыл арæзт къорд
- «Спартак» (1960—1971, 1972—1994, 2006)
- «Автомобилист» (1972)
- «Спартак-Алани» (1995—1996, 2003)
[ивын] Символикæ
[ивын] Къорды хуызтæ
| Сырх | Бур | Урс |
[ивын] Истори
1921-æм азы бындурæвæрд æрцыд футболон къорд — «Юнитас». Байгом æй кодтой дыууæ бритайнаг коммунисты Армстронг æмæ Кэмпбелл.
[ивын] Уæрæсейы фæлтæр (1992—м.р.)
1995 азы рамбылдта Уæрæсейы футболон чемпионат. 1996 азы бацахста дыккаг бынат, фæлæ фæхæрд и алы æхсæнадæмон ерысы.
2005 азы бацахста 15æм бынат, æмæ æрхызти фыццаг дивизионмæ. 2007-2009 азты хъазыди фыццаг дивизионы. 18 февралы 2010 азы бахызти Премьер-лигæмæ. 2010 сезоны хатцæгмæ гæсгæ, фæстæмæ æрхызт фыццаг дивизионмæ.
2011-æм азы сентябры «Аланийы» тренертæй иу ссис Пагæты Артур. Уый ацы командæйы сконды 1995 азы ссис Уæрæсейы чемпион. Артур фæстаг рæстæджы куыста тренерæй Дæллаг Новгороды командæ «Волгæйы» сконды. Дзæуджыхъæуккæгты сæйраг тренер Гæззаты Владимиры ныхæстæм гæсгæ, Пагæты Артур у æцæг профессионал. «Тынг æхсызгон мын у, Артур нæм тренерæй кæй æрбацыд, уый. „Аланийы“ иууыл æнтысджындæр азтæ баст сты йæ номимæ», — загъта Гæззаты Владимир[1].
[ивын] Спортфæз
Республикон спортфæз «Спартак» у Аланийы стадион — арæзт æрцыд 1962 азы, цæуы дзы 32 464 адæймаджы.
[ивын] Футболон скъола
Ирыстоны футболон скъолайæ рацыди бирæ арæхстджын дуаргæсы: Черчесты Станислав, Вениамин Мандрыкин, Дмитрий Хомич, Джанайты Сослан, Гæбулты Владимир æмæ æндæртæ. Номдзыд быдырон хъазджытæ дæр дзы бирæ рацыд: Гиуæрги æмæ Дзамболат Бæззатæ, Касаты Алан, Зæгъойты Алан, Гæтæгты Алан, Пагæты Артур æмæ æндæртæ.
[ивын] Зындгонд хъазджытæ
- Æгайты Алан
- Гиуæрги Бæззаты
- Дзамболат Бæззаты
- Виктор Булатов
- Дмитрий Вязьмикин
- Гæбулты Владимир
- Спартак Гогуниты
- Сергей Горлукович
- Анатолий Канищев
- Алан Касаты
- Алан Хъуысаты
- Герман Кутарба
- Вениамин Мандрыкин
- Виктор Онопко
- Артур Пагæты
- Руслан Пименов
- Суанты Руслан
- Бахвæ Тедеты
- Омари Тетрадзе
- Дмитрий Хомич
- Зураб Циклаури
- Игорь Яновский
- Александр Бубнов
- Валерий Гæззаты
- Юри Гæззаты
- Таймураз Кодзырты
- Василий Кульков
- Станислав Цыхуырбаты
- Станислав Черчесты
- Александр Яновский
- Мирджалол Касымов
[ивын] Фиппаинæгтæ
| ФК «Алани» Дзæуджыхъæу — сконд |
|---|
|
1 Хомич (д) • 3 Тохъазты С. • 4 Дудиаты А. • 5 Джиоты С. • 6 Булгару • 7 Джиголаты Р. • 8 Гæбулты Г. (к) • 9 Хуыбылты А. • 11 Неко • 13 Гетериев • 14 Бураты А. • 15 Машуков • 16 Æрситы С. (д) • 17 Цæрикъаты Т. • 18 Бæззаты Дз. • 19 Годжысаты Г. • 20 Дакоста • 21 Туаты Г. • 22 Джиголаты Д. (д) • 23 Григорьев • 24 Бахъаты М. • 25 Плиты З. • 27 Хæцъæты Дз. • 32 Селайя • 33 Гудиаты В. (д) • 36 Грачёв • 37 Турсунов • 46 Цыхуырбаты А. • 75 Бикмаев • 77 Барбарусес • 89 Байрыев • Тренер: Гæззаты Владимир |
