Степанцминда
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Сахар
|
Степанцминдæ (гуырдз. სტეფანწმინდა, раздæры Казбеги) сахарæнгæс поселок Гуырдзыстоны цæгаты.
[баив æй] Географион бынат
Æрбынат кодта Сæнайы хохрæбын, Арвыкомы фæндаггæрон. Цæугæдон Терчы гуырæнмæ ’ввахс. Уæрæсеимæ цы арæн ис, уымæй 11 км хуссардæр. Поселок цы ран ис, уый денджызы æмвæзадæй у 1750 метрæй бæрзонддæр.
[баив æй] Æнæуый информаци
Степанцминдæйæ райдайынц сæ балц, Сæнайы хохмæ чи хизы, уыцы хохдзаутæ.
Поселок у туристон артдзæст. Æрвылаз дæр Степанцминдæйы æмæ комы вæййы туристтæ Германæй, Нидерландтæй æмæ Европæйы æндæр бæстæтæй.
Степанцминдæмæ бацæуæны цур, трассæйæ 1–2 км æддæдæр ис, газджын суарæй дзаг чи вæййы, ахæм æнæсæр гом бассейн.