Рацъ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Тагъд æрвитæнтæ: навигаци, агуырд

Рацъ (гуырдз. რაჭა) у Гуырдзыстоны хъæууон историон бæстæ Рионы доны уæлкæлæны. Æрбынат кодта Рацъ-Лечхум æмæ Дæллаг Суаны регионы. Йæ сæйраг сахар у Он.

Уым цæрынц рацъæттæ (гуырдзыйы дæлкъорд), Оны ма цæрынц уирæгтæ (гуырдзиаг дзуттæгтæ).

Цæгат-ныгуылæны Рацъ арæн кæны Суан æмæ Лечхумимæ; цæгат-скæсæны та Кавказы Сæйраг хохы рагъæй хицæнгонд у Цæгат Ирыстонæй. Йæ хуссары ис Рацъы хохы рагъ, уый фæстейы æрбынат кодта Имерет. Скæсæны æмарæн у Хуссар Ирыстонимæ.

[баив æй] Рацъы историйы тыххæй

Раджы уым уыдис æлдарад (Рацъы ерыстауад), уыдис Имереты паддзахады дæлбар. 1465- æм азæй 1769-æм азы онг уым хицауиуæг кодтой ерыстаутæ Чхеидзетæ. Рацъ 1810-æм азы бахауд Уæрæсейы империйы скондмæ. Ацы рæстæджы уый уыди Кутаисы губернийы уезд.

Гуырдзыстоны административон-территориалон дихмæ гæсгæ Рацъ хауди Рацъ-Лечхум æмæ Дæллаг Суаны регионы Он æмæ Амбролауры районтæм. Рацъы дæр ис Хванчкарайы хъæу, «Хванчкара»-йы сæн кæм кæнынц.

[баив æй] Литературæ

  • Цуциты А. А. Атлас этнополитической истории Кавказа (1774-2004), М.: "Европа", 2006. ISBN 5-9739-0045-2 (уырыс.)