Габрово

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Сахар
Габрово
болг. Габрово
Тырыса Герб
Тырыса Герб
42°52′27″ с. ш. 25°19′04″ в. д.HGЯO
Паддзахад Болгари Болгари
Облæст Габровойы облæст
Хъæубæстæ Габрово
Истори æмæ географи
Бындурæвæрд 1477
Фыццаг кой 1704
Фæзуат 233,817 км²
Центры бæрзæнд 392 м
Сахатон таг UTC+2:00, сæрды UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ
Цифрон идентификатортæ
Телефонон код +359 66
Посты индекстæ 5300
gabrovo.bg
Габрово (Болгари)
Габрово (Габровойы облæст)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Га́брово (болг. Габрово) у Болгарийы сахар, бæстæйы географион центрмæ ’ввæхс, Габровойы облæсты административон центр. Лæууы цæугæдон Янтрæйы дыууæ былыл.

Цæрджыты нымæц 2008 азы декабрьмæ уыд 66 175 адæймаджы[2].

Болгарийы ссæрибары фæстæ (1878) Габрово размæцыд индустриалон артдзæст сси, суанг «болгайраг Манчестер» дæр æй хуыдтой. Ныры Габровойы сæйраг экономикæйы къабæзтæ сты рог индустри æмæ машинæаразынад. Æгуыстад дзы, æндæр сахартимæ абаргæйæ, ныллæгдæр у (куыстхъом цæрджытæй 3,5%).

Габрово нымад у юморы болгайраг артдзæстыл, æвылаз дзы вæййынц юморы фестивальтæ. Сахары фендтæгтæй иу у юмор æмæ сатирæйы музей.

Болгари æмæ Уæрæсейы истори тынг ахсджиаг фарс уыд Шипкæйы æфцæджы хъахъхъæнынад (1877 азы дыккаг æмбис) — уыцы æфцæг Габровойæ 22 км хуссарырдæм у. Æрвылаз 3 мартъийы Шипкæйы æфцагыл болгайраг патриоттæ мысынц, Болгарийы хæдбардзинады сæрвæлтау чи фæмард, уыдоны нæмттæ.

Сахары цур у этнографион хъæу-музей Етар.

Æфсымæрон сахартæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Могилёв (Белорусси)
  2. Шеки (Азербайджан)

Политикон ситуаци[ивын | Бындур ивын]

Габровойы хъæубæстæйы кмет (сæргълæууæг) у Томислав Пейков Дончев (Æмбæстæгтæ Болгарийы европæйаг рапарахат кæнынмæ — ГЕРБ) æвзæрстыты фæстиуæгмæ гæсгæ.

Галерей[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]