Видин
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
| Сахар
Видин
|
Видин у Болгарийы цæгат-ныгуылæны сахар, цæугæдон Дунайы былгæрон, у Видины облæст æмæ хъæубæстæйы административон центр. Цæрынц дзы 57 320 адæймаджы (2008 азы декабры).
Сахары æдде ис паромон ахизæн Румынимæ. Ис хид аразыны пълан дæр (ныртæккæ Румыни æмæ Болгарийы ’хсæн Дунайы сæрты æрмæст иу хид ис — Хæлæрдзинады хид Русейы сахары), арæзтад райдыдта.
Сахар фæзынди куыд ромаг бастион. Уыд Иван Срацимиры Видины паддзахады сæйраг сахар, цалынмæ йæ осмайнаг æфсад нæ баиста, уæдмæ.
Сæргæндтæ |
[баив æй] Фендтæгтæ
- Астæузаманы феодалон гæнах «Баба Вида», Болгарийы иунæг хорз уавæры гæнах. Ис дзы музей.
- Осмайнаг дуджы сахары фидар æд 13 кулдуары.
- Сыгъдæг Димитыры аргъуан — бæстæйы дыккаг бæрзонддæр аргъуан,
- Осман Пазвантоглуйы мæзджыт.
- Дыууæ театры æмæ филармони.
- Музейтæ, аргъуантæ.
[баив æй] Политикон ситуаци
Видины хъæубæстæйы кмет (сæргълæууæг) у Румен Ангелов Видов, йæ парти у Æмбæстæгтæ Болгарийы европæйаг рапарахат кæнынмæ (ГЕРБ), æвзæрстыты фæстиуæгмæ гæсгæ.