Благоевград
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
| Сахар
Благоевград
|
Благоевград у хуссар-ныгуылæйнаг Болгарийы сахар, Благоевграды облæст æмæ хъæубæстæйы административон центр.
Сахары раздæры нæмттæ сты Горна-Джумая æмæ Скаптопарæ. Ныртæккæ хæссы болгайраг коммунист Димитыр Благоевы ном (1950-æм азæй).
Сахары ис зынгæ тамакойы комбинат, бæгæныуадзæн завод «Пиринско пиво», дыууæ университеты.
Сахармæ ’ввæхс и æртæ паддзахады арæнтæ — Серби, Македони æмæ Гречъы. Болгарийы сæйраг сахар, София, у æрмæстдæр 100 км цæгатырдæм. Благоевграды сæрты цæуы Грецийæ Европæмæ фæндаг (Европæйаг транспортон коридор №4).
Цæрджыты нымæц у 77 мины бæрц[1].
Сахары хуыздæр дуг уыдис 1980-æм азты, афтæ хуынд «арæзтады дуг».
[ивын] Фиппаинæгтæ
- ↑ Официалон статистикæ (болг.)