Бургас

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Тагъд æрвитæнтæ: навигаци, агуырд
Сахар
Бургас
болг. Бургас
Тырыса Герб
Тырыса
Герб
Паддзахад Болгари
регион Хуссар-Скæсæйнаг
Облæст Бургасы облæст
Æмбалад Бургас
Координатæтæ 42°30′00″ ц. у. 27°28′00″ ск. д. (G)
Центры бæрзæнд 30 м
Цæрджытæ 229 250 адæймаджы (2007)
Сахатон таг UTC+2, сæрды UTC+3
Телефонон код +359 56
Посты индекстæ 8000
Автомобилон код А
Сайт http://www.burgas.bg/
(болг.) (англ.)
Бургас (Болгари)
Бургас

Бургас (болг. Бургас, гр. Πυργος Пиргос) у Болгарийы денджызы былгæроны дыккаг стырдæр сахар (Варнæйы фæстæ) æмæ бæстæйы цыппæрæм. Йе ’мном облæст æмæ хъæубæстæйы административон центр. Цæрджыты нымæц — 305 900 адæймаджы. Сахарæй Софиямæ у 385 км, Пловдивмæ — 267 км, Варнæмæ — 133 км. У ахсджиаг транспортон æлхынцъ (автовокзал, вагзал, порт, аэропорт).

Сæргæндтæ

[баив æй] Политикон ситуаци

Бургасы кмет (мэр) у Димитыр Николов (Æмбæстæгтæ Болгарийы европæйаг рапарахат кæнынмæ (ГЕРБ)) равзæрстыты фæстиуæгмæ гæсгæ.

Сахары ис Турчы генералон консулад, стæй Белорусси, Румыни, Уæрæсе æмæ Украинæйы цыты консулæдтæ.

[баив æй] Ахуырад

Бургасы ис дыууæ университеты:

Асен Златаровы номыл университеты сконды ис æртæ колледжы: Туризмы колледж, Техникон колледж æмæ Медицинон колледж.

[баив æй] Кусæнуæттæ

Бургасы денджызон портмæ ис бæстæйы стырдæр уæргъты зилдух (ома, бæстæйы ахсджиагдæр порт у). Кусын байдыдта 1903 азы 18 майы.

Нефтуадзæны картæ

1960-æм азты Бургасмæ хæстæг скуыста нефткусæн завод, ныртæккæ у уæрæсейаг егъау компани ЛУКойл-ы сконды. Нефты ракуыст у тынг ахсджиаг индустрийы къабаз, уымæ гæсгæ сахары футболон командæ дæр «Нефтохимик (Нафтекс)» хуыины.

2007 азы 15 мартъийы Афинæты Уæрæсе, Греци æмæ Болгарийы хицæуæдтæ бадзырдтой Сау денджызы дæлдон нефтуадзæн аразыныл «Новороссийск-Бургас-Александруполис».

[баив æй] Климат

Бургасы хорз климат у: фæлмæн зымæг æмæ тæвд сæрд. Бургасы бакæлæн ныййих кодта æрмæст 1928 азы.

Климаты таблицæ
Январь Мартъи Май Июль Сентябрь Ноябрь Афæдз
Растæмбис максималон температурæ (°C) 5.9 17.8 25.3 30.2 26.4 11.6 19.2
Растæмбис минималон температурæ (°C) -2.1 3.3 10.0 20.8 19.4 8.2 9.8
Дæлдзырæттæ растæмбисæй (мм) 11 32 40 21 8 28 25.1
Уарыны бонты растæмбис нымæц 10 10 4 2 5 9 6
Ратæдзæн: World Weather Information Service

[баив æй] Æфсымæрон сахартæ

Сыгъдæг дзуары сомихаг аргъуан Бургасы

[баив æй] Фиппаинæгтæ

[баив æй] Картæтæ

Commons:Category
ВикиКъæбицы ис нывтæ ацы темæйыл. Кæс:

[баив æй] Æддаг æрмæг