Ботсванæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Ботсванæйы Республикæ
Republic of Botswana
Lefatshe la Botswana
Тырыса Герб
Тырыса Герб
Девиз: «Pula
Къæвда»
Гимн: «Fatshe leno la rona
Махæн нæ Зæхх»
Хæдбар сси 1966 Стыр Британийæ
Æвзаг англисаг, тсванæйаг
Сæйраг сахар Габороне
Стырдæр сахартæ Габороне
Хицауиуæджы хуыз парламентон республикæ
Президент Ян Кхама
Фæзуат 600 370 км²
Доны процент 2,5
Цæрджытæ
• Бахыгъд (2003)
Æнгомад

1 573 267 ад.
2,7 ад./км²
Валютæ Пулæ
Интернет-домен .bw
Телефонон код +267
Сахатон таг +2
1905 азы конд Хуссар Африкæйы картæ. Бечуаналенд ма иу бæстæ уыди

Ботсванæ (англ. Republic of Botswana) у Хуссар Африкæйы паддзахад, Хуссар Африкаг Республикæйы цæгатаг сыхаг. Кæддæры Стыр Британийы протекторат Бечуаналенд сси хæдбар 1966 азы.

Бæстæйы бирæ адæм нæ цæры, фæлæ æрдзон хæзнатæй у тынг хъæздыг. Уый æмæ йæ политикон стабилондзинады фæрцы Ботсванæ у Сау Африкæйы хъæздыгдæр паддзахæдтæй иу.

Географи[ивын | Бындур ивын]

Ботсванæ у дунейы 45-æм стырдæр паддзахад, йæ фæзуат у 600,4 мин км², ома стырдæр паддзахæдты номхыгъды лæууы Украинæйы фæстæ. Уыимæ хæстæг фæзуæттæ и АИШ-ы штат Техасæн æмæ сакъадахон бæстæ Мадагаскарæн.

Ботсванæйы фылдæр хай (70%) у æдзæрæгран Калахари.