Сомалиленд

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Сомалиленд
Jamhuuriyadda Soomaaliland
جمهورية أرض الصومال
Jumhūrīyat Arḍ aṣ-Ṣūmāl
Тырыса Герб
Тырыса Герб
Девиз: «(арабб.)لا إله إلا الله محمد رسول الله
Lā ilāhā illā-llāhu; muhammadun rasūlu-llāhi»
Гимн: «Sama ku waar»
Хæдбар сси 1991 азы 18 майы Сомалийæ
Æвзаг сомалиаг, араббаг, англисаг
Сæйраг сахар Харгейсæ
Стырдæр сахартæ Харгейсæ, Берберæ
Хицауиуæджы хуыз Республикæ
Президент Ахмед Силаньо
Фæзуат 137 600 км²
Цæрджытæ
• Бахыгъд (2008)
Æнгомад

3 500 000 ад.
25 ад./км²
Валютæ Сомалиленды шиллинг (SLSH)
Телефонон код +252
Сахатон таг +3

Сомалиленд (сомал. Soomaaliland, арабб. أرض الصومال‎‎ Arḍ aṣ-Ṣūmāl) кæнæ Сомалиленды Республикæ у æнæбанымад де-факто паддзахад (йæ хæдбардзинадыл дунейы паддзахæдтæ нæма сразы сты) Африкæйы цæгат-хурыскæсæны, Сомалийы цæгаты.

Йæ сæйраг æмæ стырдæр сахар у Харгейсæ.

Йæ сыхæгтæ сты Джибути, Эфиопи æмæ Сомали. Цæ фæзуат йæхи хоны, уый у 176 120 кв. км, цæрджыты нымæц та — 5,7 милуаны (2021)[1].

Раздæры Бритайнаг Сомалийы колони, Сомалиленд йæ хæдбардзинады тыххæй тох кодта 1961 æмæ 1981-æм азæй фæстæдæр. 1991-æм азæй цæ фæзуат йæхи хоны, уый у Сомалиленды дæлбар, бæстæйы хицауад у демократон хуызы æвзæрст.

Кæд Сомалиленды хæдбардзинадыл ничи ма сразы и, бирæ хицауæдтæ æмæ фирмæтæ ацы бæстæимæ кусынц, Эфиопи дзы байгом кодта йæ базарадон минæварад.

Сахарты чи цæры, уыцы цæрджыты ’хсæн бирæтæ дзурынц дыууæ кæнæ æртæ официалон æвзагыл: англисагау, араббагау æмæ сомалиагау. Хъæуты цæрджытæ дыууæ æвзаджы стæм хатт зонынц. Скъолаты фылдæр хай кусынц англисагау.

Сæ динмæ гæсгæ сомалилендæгты фылдæр хай сты суннæйаг пысылмон.

Административон дих[ивын | Бындур ивын]

Сомалийы регионтæ
Картæйыл Штат Сæйраг сахар Фæзуат
км²
Цæрджытæ
1 Салал Зейлæ бæрæг нæу бæрæг нæу
2 Авдал Бурамæ 21 370 417 000 (2007)
3 Габилей Габилей бæрæг нæу бæрæг нæу
4 Гаароди Харгейсæ 28 830 1 190 000 (2007)
5 Сахил Бербера бæрæг нæу бæрæг нæу
6 Одвейне Одвейне бæрæг нæу бæрæг нæу
7 Тогдер Буро 38 660 941 000 (2007)
8 Кайн Буходле бæрæг нæу бæрæг нæу
9 Сарар Кайнабæ бæрæг нæу бæрæг нæу
10 Сул Ласъанод 25 030 115 000
11 Санаг Эригаво 53 370 530 000 (2007)
12 Маахир Бадан 35 000 700 000
13 Хауд Балигубадле бæрæг нæу бæрæг нæу
Сомалиленды картæ

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Republic of Somaliland: Country Profile 2021(англ.)(недоступная ссылка). gollisuniversity.com. Датæ: 2021-æм азы 24 августы. Архив 2021-æм азы 23 декабры.