Камерун

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Камеруны Республикæ
République du Cameroun
Republic of Cameroon
Тырыса Эмблемæ
Тырыса Эмблемæ
Девиз: «Paix, Travail, Patrie
(фр. : Сабырдзинад, Фæллой, Фыдыбæстæ)»
Гимн: «Ô Cameroun, Berceau de nos Ancêtres (О, Камерун, нæ фыдæлты авдæн)»
Хæдбар сси 1960 азы 1 январы Франц æмæ Стыр Британийæ
Æвзаг францаг, англисаг
Сæйраг сахар Яунде
Стырдæр сахартæ Дуалæ, Яунде
Хицауиуæджы хуыз Президентон республикæ
Президент
Премьер-министр
Поль Бийя (Paul Biya)
Филемон Янг (Philémon Yang)
Фæзуат 475 440 км²
Доны процент 1,3
Цæрджытæ
• Бахыгъд (2005)
Æнгомад

17 795 000 ад.
34 ад./км²
ÆМП
• Æдæппæт (2005)
• Иу адæймагмæ
дунейы 91-æм
32 350 млн. $
2 176 $
Валютæ КФА-йы франк
Интернет-домен .cm
Телефонон код +237
Сахатон таг +1

Камеруны Республикæ (англ. Republic of Cameroon, фр. République Camerounaise) у унитарон республикæ центрон æмæ ныгуылæн Африкæйы. Йæ сыхæгтæ сты Нигери ныгуылырдыгæй, Чад цæгат-скæсæнырдыгæй, Централон Африкæйы Республикæ скæсæнырдыгæй, хуссарырдыгæй та — Габон, Республикæ Конго æмæ Экваториалон Гвиней. Хуссар-скæсæны Камерунæн ис денджызмæ бацæуæн — Атлантикон фурды Гвинейы бакæлæнмæ.

Бæстæ хонынц «Африкæйы миниатюрæ», уый тыххæй æмæ тынг алыхуызон у æрдзæй, культурæйæ, ландшафтæй. Ис дзы денджызы былгæрæттæ, æдзæрæгран, саваннæ, къæвда-хъæдтæ, хæхтæ. Бæстæйы бæрзонддæр хох у Камеруны хох (4040 м).

Камеруны цæрынц дыууæ сæдæйæ фылдæр алыхуызон адæмтæ, æвзагон æмæ культурон къордтæ. Камерун зындгонд сси йæ хигъæдон музыкæйæ, уæлдайдæр макоссæ æмæ бикутси стилтæй, æмæ йæ æнтыстджын футболон командæйæ. Официалон æвзæгтæ сты англисаг æмæ францаг, уый тыххæй æмæ Камеруны зæххытæ кæддæр уыдысты Стыр Британи æмæ Францы дæлбар.

Европæйæгтæ (португайлаг денджыздзаутæ) Камеруны былгæронмæ ’рбацыдысты XV æнусы. Ссардтой дзы тынг бирæ креветкæтæ — æмæ бæстæ дæр афтæ схуыдтой, Рио-душ-Камаронш, ома «креветкæты цæугæдон». Креветкæ ахсын ныр дæр у Камеруны ахсджиагдæр куыстытæй иу.

1884-æм азы Камерун сси Германы империйы колони, фæлæ Фыццаг дунеон хæсты фæстиуæгæн колони дихгонд æрцыд Стыр Британи æмæ Францы ’хсæн. Камеруны зæххытæ хæдбардзинад куы райстой, уæд бæстæ хуынди Камеруны Федералон Республикæ, 1972-æм азæй фæстæмæ — Камеруны Иугонд Республикæ, 1984-æм азæй та хуымæтæджы Камеруны Республикæ.

Камеруны флоты службæгæнджытæ

Камерун, Африкæйы иннæ паддзахæдтимæ абаргæйæ, у стабилон æмæ æдас. Уый фæрцы бæстæмæ гуылф кæнынц лигъдæттæ. Ахæм цæрджыты нымæц у 97 мины бæрц, уыдонæй фылдæр ЦАР æмæ Чадæй. Камеруны мидæг ма карзгомау сты Камеруны, англисагау æмæ францагау дзурдыжыты ’хсæн, стæй чырыстæттæ æмæ пысылмæтты ’хсæн ахастдзинæдтæ[1].

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. MacDonald, Brian S. (1997). "Case Study 4: Cameroon", Military Spending in Developing Countries: How Much Is Too Much? McGill-Queen's University Press. P. 69.