Агуындæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Агуындæ
Æрд сылгоймаг
Фыд Сайнæг-æлдар
Мой Ацæмæз

Агуындæ у нарты кадджыты хъайтары ном, Сау хохы хицау Сайнæг æлдары чызг, Ацæмæзы бинойнаг. Алыхуызон сгуыхтдзинæдтæ равдисæг æппæты зынгæдæр нарт бынтон дзæгъæлы архайынц Агуындайы зæрдæмæ фæцæуын æмæ йæ ракурыныл. Æрмæст Нарты Ацæмæзæн йæ сызгъæрин уадындзы цагъды руаджы бантыстис Агуындайы зæрдæйы бынат ссарын. Ацæмæзыл хæрзаудæн цы зæдтæ æмæ дауджытæ (Уастырджи, Æфсати æмæ иннæтæ) кодтой, уыдон ахъазæй æмæ фондзыссæдз афæдздзыд саджы (иуæй-иу вариантты та – фондзыссæдз иу азы гуырд саджы) ирæд бафидыны фæстæ Агуындæ баци Ацæмæзы бинойнаг.

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

  • Дзадзиты А., Дзуццаты X., Хъараты С. Ирон адæмы этнографи æмæ мифологи. Цыбыр дзырдуат. Дзæуджыхъæу. 1994. — 284 с.