Таранджелоз

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Таранджелоз — хорарæх æмæ хосарæхы æппæты рагондæр бардуаг ирон мифологийы. Таранджелозы кувæндон ис Тырсыгомы Четойтыхъæумæ ’ввахс. Йæ бæрæгбон йын фæкæнынц Куадзæнæй æртæ къуырийы фæстæдæр хуыцаубоны.

Кувæндоны равзæрд[ивын | Бындур ивын]

Нарты хъæбатыртæй иу Батрадз – куы фæмард, уæд Хуыцау æрæппæрста æртæ цæссыджы. Уыдон кæм æрхаудысты, уым арæзт æрцыд æртæ кувæндоны: Реком, Мыкалгабыр æмæ Таранджелоз. Таранджелоз у хорарæх æмæ хосарæхы бардуаг. Йæ кувæндон ис Тырсыгомы, хохы сæр.

Бæрæгбон[ивын | Бындур ивын]

Алы аз дæр майы мæйы Тырсыгомы Таранджелозы номыл кодтой бæрæгбæттæ. Амы цæрджытæм уыдис уæлдай кадджын, нымадтой йæ комы дзуарыл. Йæ кувæндон ис бæрзонд хохы сæр, Четойты хъæумæ ’ввахс. Дзуары бынмæ иу æрæмбырд сты Тырсыгомы цæрджытæ, стæй Тырсыгомæй æндæр кæмттæм алидзæг адæм, аргæвстой иу цалдæр уæрыччы æмæ бæлвырд фæтк æмæ æгъдаумæ гæстæ табугæнгæйæ, Таранджелозæй куырдтой, цæмæй ратта стыр хорæрзад, дзаджджын кæрдæг, æнæниздзинад æмæ амонд кувæг адæмæн сæхицæн, æмæ сæ байзæддæггæн фидæны, фосы бахъахъхъæна алыхуызон низтæй.

Хъæубæстæ сæ бæрæгбон арæзтой иумæ, бирæ бинонтæ та йæ кодтой сæхæдæг. Ныр дæр æй фылдæр адæм кæнынц хи бинонты æхсæн, æрхонынц сыхæгты. Таранджелозæн нывонд кодтой фыс кæнæ уæрыкк. Кувæндонмæ иу æй аластой æмæ иу æй уым аргæвстой. Бæрæгбон иу ахаста цалдæр боны. Арахъхъ æмæ иу бæгæны рагацау скодтой æмæ хъæлдзæгæй, æхсызгонæн фæбадтысты; зарыдысты, кафыдысты. Æрыгон фæсивæд иу бæхтыл хъазыдысты, æвдыстой сæ арæхстдзинад, сарæзтой иу дугъ. Хистæртæ цин кодтой сæ кæстæрты арæхстдзинадыл. Куывтой Таранджелозмæ, цæмæй сæ йæ хорзæх уа, уæд хор æмæ хосхъуаг никуы уыдзысты. Таранджелозы бæрæгбон ныр дæр бирæ адæмтæ бæрæг кæнынц.

Таранджелозæн табу кодтой Ирыстоны иуæй-иу æндæр рæтты дæр, зæгъæм: Тиб (Мамысонгом) æмæ Ерманы хъæубæстæ (Хуссар Ирыстон).

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

  • Ирон æгъдæуттæ. Чиныг сарæзта Агънаты Гæстæн. Рецензенттæ Ходы Камал æмæ Чеджемты Геор. – Дзæуджыхъæу, «Урсдон», 1999 – 176 с.
  • Этнография и мифология осетин. Дзадзиев А.Б., Дзуцев Х.В., Караев С.М. Краткий словарь. – Владикавказ, 1994 – 284 с.