Кæхцгæнæн

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Кæхцгæнæн ирон адæммæ у фыццаг лæппуйы райгуырды фæдыл конд куывд. Кæхц не скæнын худинагыл нымад уыдис. Кæхцгæнæны арфæтæ, дам, цы сывæллонæн не скодтой, уый уыд рынчынтæгæнаг.

Кæхцгæнæны бонмæ ма-иу дыууæ къуырийы куы баззад, уæд-иу фыццаг лæппу кæмæн райгуырдис, уыцы сылгоймаджы æд сывæллон хуынимæ йæ цæгатмæ арвыстой. Чызджы цæгат хуынмæ хуыдтой сыхæгты. Мады ’рвадæлтæ-иу сывæллоны цыдæриддæр хъæуы, уый сцæттæ кодтой. Йæ бон кæмæн уыдис, уый-иу балæвар кодта йæ хæрæфыртæн бæх, мæгуырдæр та — фыс. Чызгæн æмæ сывæллонæн хæстæджытæ лæвæрттæ кодтой. Мад æмæ сывæллон цы æрæмбырд кодтой, уыдон-иу сæвæрдтой уæрдоны. Уæрдоны фæстæ бастой бæх, гал, байраг — цы фос сын-иу балæвар кодтой, уый. Стæй йæ æрвыстой хæдзармæ.

Сылгоймаг-иу фæстæмæ æрбаздæхт хуыцаубоны, Кæхцгæнæны бон. Сыхæгтæ, хæстæджытæ æнхъæлмæ кастысты: цавæр лæвæрттæ йын ракодтой йæ цæгат?

Чызджы ’рцыдмæ-иу лæппуйы хæдзар сæхи куывдмæ сцæттæ кодтой, æрхуыдтой-иу хъæубæсты, сывæллоны мадырвадæлты.

Сывæллоны-иу рахастой фынджы хистæрмæ ногнадæй, ног уæлæдарæсы æмæ-иу мадырвадæлтæ цы хуын æрбахастой, уый скуывтой. Фылдæр куывтой Мадымайрæммæ æмæ Уастырджимæ. Уый фæстæ-иу хистæр сывæллоны рахиз къах дзыккайы атъыста.

Куыд фæстæдæр, сылгоймаг йæ цæгатмæ нал цыдис кæхцагур — цæгат сæхæдæг райдыдтой хæссын хуын. Ныртæккæ дæр ацы бæрæгбон у кадджын. Бруты, Дигорæйы кæхц нæ хæссынц.

Дзыккакъах[ивын | Бындур ивын]

Кæхцгæнæны рæстæджы фысымтæ стыр лæвæрттæ кодтой сæ чындзы хиуæттæн, уæлдайдæр та, сæ чындзæн-иу цалдæр чызджы фæстæ фыццаг лæппу куы райгуырд, уæд. Стырбоны фынгыл-иу кæхцы мидæг дзыкка æрæвæрдтой. Уымиу, чындзæн фæстаг хатт (лæппуйы размæ) цы чызг райгуырд, уый къах нытътъыстой, дзыккайыл фæд куыд баззадаид, афтæ, уымæн æмæ-иу ирæттæ лæппуйы райгуырд уыцы чызгæй бузныг уыдысты. Хуыдтой йæ «дзыккакъах». Чындзæн-иу фыццаг чызг куы райгуырд, уæд-иу чызгæн арфæ кодтой, «дæ къах дзыккайы тылд фæуæд», зæгъгæ, ома дæ фæстæ лæппу райгуырæд.

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

  • Цыбырты Л. Ирон адæмон бæрæгбонтæ. — Дзæуджыхъæу: Аланыстон, 1998. — С. 167–171.

Æрвитæнтæ[ивын | Бындур ивын]