Джеоргуыба

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Джеоргуыба (Джиуæргуыба дæр) — бæрæгбон Уастырджийы кадæн, у ирон адæмы кадджындæр бæрæгбæттæй иу. Кодтой йæ хъæууонхæдзарадон куыстыты фæуды номыл; вæййы ноябры дыккаг æмбисы æмæ ахæссы æнæхъæн къуыри. Иннæ бæрæгбæттæй хицæн кæны, бирæ нывонд фос ын кæй акусарт кæнынц куыд æхсæнæдтæ, хъæубæстæ иумæ, афтæ хицæн бинонтæ дæр.

«

Алы ирон бинонтæ дар, кæмфæнды цардаиккой, цыфæнды мæгуыр уыдаиккой, уæддæр æнæмæнг Уастырджийы номыл кусарт акæнгæйæ, бæрæг кодтой Джеоргуыба, уымæн æмæ Уастырджи ирон адæммæ у уæлдай кадджын, ирон дзуæрттæ æмæ дауджыты æхсæн нымад цæуы сæйрагдæр бардуагыл». Цыбырты Людвиг

»

Джеоргуыбайы бынат иннæ бæрæгбæтты ’хсæн[ивын | Бындур ивын]

Ирон адæм стыр кад, стыр аргъ кæнынц сæ зæдтæн, сæ дзуæрттæн. Фæлæ уыцы дзуæртты ’хсæн дæр уæлдай кадджындæр бынат ахсы Уастырджи, нæлгоймæгты бардуаг, бæлццæтты, хæстонты фæндарастгæнæг, мæгуыртæн æххуысгæнæг, кæстæрты раст фæндагыл аразæг. Ирон адæймаг ыл кæддæриддæр, цыфæнды уавæры дæр йæхи ма бафæдзæхса, уымæн гæнæн нæй. Уæдæ ахæм цины фынг дæр нæма уыд, æмæ Хуыцауы фæстæ куывд Уастырджийы тыххæй ма рацæуа.

Ирон мифологимæ гæсгæ Уастырджи ирон адæммæ æрбацыд сæ рагфыдæлтæ нартæй, цард радта нæртон сылгоймæгты фидауц Сатанайæн.

Адæмæн сæ уарзон зæд, сæ уарзон дзуар хайджын у адæймаджы хуыздæр миниуджытæй. Фырбуцæн æй хонынц «Сызгъæрин Уастырджи», «Хъæбатыр Уастырджи», «Сызгъæринбазыр Уастырджи». У бæрзонд, фæтæнуæхск, хæрзконд урсзачъе лæг, бады урс æфсургъыл.

Сылгоймæгтæ йын йæ ном нæ дзурынц, хонынц æй «Лæгты дзуар». Æвæццæгæн, Ирыстоны иу ахæм ком, иу ахæм хъæу нæ разындзæн, Уастырджийы кувæндон кæм нæй. Реком æмæ Ныхасы, Хетæджы æмæ Дзывгъисы, Къобы æмæ Хур-Хоры, Джер æмæ Дыгуры Уастырджи...

Джеоргуыба рагон ирон бæрæгбон кæй у, уый бæрæг у, адæмон сфæлдыстады дæр ыл кæй æмбæлæм, уымæй. Бæрæг у, чырыстон дин Ирыстоны цы гуырдзиæгтæ — дины лæгтæ — парахат кодтой, уыдон зæрдиагæй кæй бакуыстой. Кæд раздæр ирæттæм ацы бæрæгбон Уастырджиимæ баст уыд, уæд сæ къухы бафтыд, цæмæй йын йæ ном ферох кодтаиккой. Уæддæр ма Джеоргуыбайы фынгыл дыккаг сидт вæййы Уастырджийы номыл, æртыккаг та — Джеоргуыбайы бæрæгбоны фæдыл. Иннæмæй та къуырийы дæргъы иронау кувынц Уастырджимæ, дзурынц, Хуыцауы разæй рараст, иу абонæй иннæ абонмæ Иры зæххыл зилы, нæ куывдтытæ нын айс, зæгъгæ. Бæрæгбон æрвитæн æхсæв дæр та, Хуыцауы размæ сæ куывдтытимæ, курдиæттимæ фæндараст кæнынц сыгъзæрин базыр Уастырджийы.

Уастырджи афтæ кадджын уыд нæ фыдæлтæм, æмæ йын азы иуæндæсæм мæй сæрмагондæй схуыдтой йæ номыл — Джеоргуыбайы мæй. Фæлæ йын уыцы мæйы дæр ис сæрмагонд бонтæ, сæрмагонд къуыри — Джеоргуыбайы бæрæгбон, кæнæ Уастырджийы кувæн къуыри.

Уастырджийы бонтæ æрцæуынц фæззæгмæ. Адæм бафснайынц сæ тыллæг, сæ хор. Ралæууы куывдтæ æмæ чындзæхсæвты рæстæг. Чызгæрвыстытæ æмæ чындзæхсæвтæ уæлдай арæхдæр вæййынц Джеоргуыбайы мæйы, Джеоргуыбайы бæрæгбон. Фæстаг азты Джеоргуыбайы бæрæгбон ирон адæмæн сси национ бæрæгбон. Алы хæдзар, алы бинонтæ дæр æм рагацау сæхи бацæттæ кæнынц, кæмæн куыд йæ фадат амоны, афтæ кусарт акæны. Æрхонынц сыхбæсты. Бирæ рæтты сыхбæстæ, хъæубæстæ скæнынц сыхгуывдтæ, хъæугуывдтæ.

Куыд бæрæггонд цæуы[ивын | Бындур ивын]

Фæззæджы фæстаг мæйы æртыккаг хуыцаубоны райдайы æмæ ахæссы къуыри. Бæрæгбон фылдæр хатт æрцæуы мæйы нудæсæм, ссæдзæм кæнæ иу æмæ ссæдзæм бонмæ. Джеоргуыбайы бæрæгбон райдайы галæргæвдæнæй. Бирæтæ снывонд кæнынц гал, уæныг æмæ йæ хуыцаубоны акусарт кæнынц. Бæрæгбон ахæссы къуыри. Хуыцаубон — фæдзæхсæн бон, къуырисæр – йе ’рвитæн изæр. Уыцы бон дæр хæдзары скæнынц æртæ чъирийы, æмæ бинонты хистæр йæ кæстæрты бафæдзæхсы Уастырджийыл, азæй-азмæ бинонтæ бæрæгбоныл æнæниз, æнæмастæй куыд æмбæлой, кæстæртæ амондджын куыд уой, иннæ аз Уастырджийæн ноджы стырдæр кусарт куыд акæной.

Хуыцаубоны йæ райдайынц, галтæ чи фергæвды, уыдон. Уыцы бон хонгæ дæр кæнынц — Галæргæвдæн хуыцаубон. Къуырисæры изæрæй та вæййы Уастырджимæ кувæн æхсæв, дыккаг хуыцаубоны — Уастырджийыл фæдзæхсæн бон æмæ йæ хæдфæстæ къуырисæры изæрæй — Джеоргуыбайы æрвитæн æхсæв.

Къуырийы дæргъы ирон адæм фæбадынц бæрæгбоны фынгтыл, сæ кадджын уазджытæ вæййынц, семæ иннæ адæмтæй хæларæй чи цæры, уыдон дæр. Джеоргуыбайы хæдфæстæ фæуазалтæ кæны, æмæ адæмы ’хсæн баззад ахæм ныхас: «Джеоргуыба мын зæгь, æмæ дын зымæг зæгъон».

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

  • Арвы дуар. Ирон мифологи æмæ цардыуаджы дзырдуат. Чиныг сарæзта Цгъойты Хазби. – Дзæуджыхъæу, «ИР», 2005 – 232 с.
  • Этнография и мифология осетин. Дзадзиев А.Б., Дзуцев Х.В., Караев С.М. Краткий словарь. – Владикавказ, 1994 – 284 с.
  • Ирон æгъдæуттæ. Чиныг сарæзта Агънаты Гæстæн. Рецензенттæ Ходы Камал æмæ Чеджемты Геор. – Дзæуджыхъæу, «Урсдон», 1999 – 176 с.