Чили
Чилийы Республикæ | |||||
---|---|---|---|---|---|
República de Chile | |||||
| |||||
Девиз: «Por la razón o la fuerza» «Ныхасæй кæнæ тыхæй» |
|||||
Гимн: «Himno Nacional de Chile» | |||||
Официалон æвзаг | испайнаг | ||||
Сæйраг сахар | Сантьяго | ||||
Стырдæр сахартæ | Сантьяго, Консепсьон, Вальпараисо | ||||
Хицауиуæджы хуыз | Республикæ | ||||
Президент | Себастьян Пиньера | ||||
Территори | |||||
• Æдæппæт | 756 950[1] км² | ||||
• Доны уæлцъары % | 1,07 | ||||
Цæрджытæ | |||||
• Бахыгъд (2020) | 18 186 770 ад. | ||||
• Æнгомад | 22,81 ад./км² | ||||
ÆМП | |||||
• Æдæппæт (2004) | 173,8 млрд. долл. | ||||
Валютæ | чилиаг песо (CLP) | ||||
Интернет-домен | .cl | ||||
Код ISO | CL | ||||
ÆОК-ы код | CHI | ||||
Телефонон код | +56 | ||||
Сахатон таг | -4 | ||||
|
|||||
Викикъæбицы медиа |
Чи́ли (исп. Chile, [ˈʧile]), официалон ном у Чилийы Республикæ (исп. República de Chile) у паддзахад Хуссар Америкæйы, Сабыр фурды былы дæргъмæ фурд æмæ Андты ’хсæн, раздæры Испанийы колони. Чилийæн ис арæн Перу, Боливи æмæ Аргентинæимæ. Фурды былы дæргъ Чилийы у 6,4 мин километрæй фылдæр[1].
Чилийы у цæгатæй хуссармæ тынг ивæзт (4300 км), æмæ уымæ гæсгæ ис дзы тынг алыхуызон бæстыхъæд. Бæстæйы цæгаты у дунейы сурдæр æдзæрæгран Атакамæ, хуссарырдæм у фæлмæн бæстыхъæды таг, хуссары та — уазал территоритæ, мит арæх кæм фæуары.
Истори
[ивын | Бындур ивын]Чили йæхи хæдбар расидтис 1810-æм азы, фæлæ бынтондæр ссæрибар уын йæ къухы нæ бафтыдис 1818 азы онг. Сабыр фурды чи уыдис, уыцы хæсты фæрцы Чили йæ нырыккон цæгаты зæххытæ йæхи бакодта (уæдмæ уыдысты Перу æмæ Боливийы территори), уыцы рæстæгæй хæст кæнæ быцæу бæстæйы никуы уыдис, уыцы регионы иннæ бæстæтæй хъауджыдæр. Æрмæст 1973—1990, 17 азы дæргъы, дзы æлдариуæг кодта инæлар Пиночет, йæ заманы дунейы тугмондагдæр диктатортæй иу.
Чили у Хуссар Америкæйы сабыр æмæ хъæздыгдæр паддзахæдтæй иу. Йæ политикон æнæзмæстдзинад æмæ экономикон сæрибардзинад раппæлинагыл нымад уыдысты, цалынмæ 2019-мæ азы дзы милуангай адæм протестмæ нæ рацыдсты, уæдмæ. Протесттæ адаргъ сты дыууæ азмæ æмæ фесты конституцийы реформæйыл.
Цæрджытæ
[ивын | Бындур ивын]Чилийы цæрынц 16,3 милуан адæймаджы (2007 азы аргъгонд).
Дин
[ивын | Бындур ивын]Чилиæгтæн сæ фылдæр сты католиктæ (70%). Протестантон еклезиты чырыстон уырнджытæ (лютерантæ, æвдæм боны адвентисттæ, методисттæ æмæ æндæртæ) сты 15%, Иеговæйы æвдисæнтæ — 1%, атеисттæ æмæ агностиктæ сты 8%.
Дины сæрибарадзинад хъахъхъæд у закъонтæй, паддзахад ницы еклезиимæ баст у.
-
Чилийы административон картæ. Урс квадрат у бæлвырдгæнинаг арæн Аргентинæимæ
-
Атакамæ
-
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Централон Иртасæн Управленимæ гæсгæ(недоступная ссылка). Датæ: 2008-æм азы 8 декабры. Архив 2020-æм азы 29 майы.