Роттердам
Сахар | |||||
Роттердам | |||||
---|---|---|---|---|---|
нидерл. Rotterdam | |||||
|
|||||
51°55′ с. ш. 4°29′ в. д.HGЯO | |||||
Паддзахад | Нидерландтæ | ||||
Провинци | Хуссар Голланди | ||||
Истори æмæ географи | |||||
Фæзуат |
|
||||
Сахатон таг | UTC+1:00, сæрды UTC+2:00 | ||||
Цæрджытæ | |||||
Цæрджытæ |
|
||||
Цифрон идентификатортæ | |||||
Телефонон код | +31 10 | ||||
Посты индекс | 3000–3089 | ||||
rotterdam.nl(нид.) | |||||
|
|||||
Викикъæбицы медиа |
Роттерда́м (нидерл. Rotterdam [ˌrɔtərˈdɑm]) у Нидерландты дыккаг стырдæр сахар. Цæрынц дзы 600 мин адæймаджы бæрц (2007), йæ алфамбылай цæрæнрæттимæ — 1,1 милуан. Сахар лæууы цалдæр цæугæдæттæ æмæ каналты былтыл, уыдонæй стырдæр у цæугæдон Маас — Европæйы ахсджиаг доны траспорты фæндаг.
Уый у стыр транспортон, æфсæнвæндагон æлхынцъ æмæ порт. Роттердамы порт у Европæйы тæккæ стырдæр, 2004-æм азы онг уый уыдис дунейы стырдæр (уæргъты бæрцуатмæ гæсгæ).
Истори
[ивын | Бындур ивын]Фашистты æфсад Нидерландтæм бырсын байдыдта 1940-æм азы майы. Нидерландаг æфсад карзæй хъахъхъæдта Роттердамы сахар. Уыцы ныхмæлæуд ныссæндынæн немыц æркалдтой бомбæтæ Роттердамыл, уый уыд 1940-æм азы 14 майы. Сахар егъау зиан баййæфта: 24 мин амæддзæгтæ хæлд æрцыдысты 15 минуты дæргъы. 800 адæймаджы бæрц дзыхъмард фесты, 80 минæй фылдæр систы æнæхæдзар, Роттердамы зæронд центр хæлддзаг фестадис.
Уыцы цау у сахары историйы зынгæдæр трагеди. Роттердамы центры лæууы мысæн мæсыг, уый мидæг æвæрд дзæнгæрæг алы бон дæр цæгъды бомбакæлæн 1940-æм азы куы райдыдта, уыцы иу рæстæг.
Этникон сконд
[ивын | Бындур ивын]Роттердамы цæрджыты æрдæгæй фылдæр сты эмигранттæ — сæ фылдæр Суринам, Турк æмæ Æввахс Скæсæнæй. Роттердамы бургомистр (мэр) сси Ахмед Абуталеб — Ныгуылæн Европæйы фыццаг мэр, Европæйы æдде чи райгуырд æмæ йæ динмæ гæсгæ пысылмон чи у, ахæм. Абуталеб райгуырдис 1961-æм азы Мароккойы, æхсæрдæс азы йыл куы цыди, уæд йæ ныййæрджытæ йæ семæ райстой Нидерландтæм.
Æхсæнадæмон организацитæ
[ивын | Бындур ивын]Роттердамы у Æппæтдунеон эсперантойы ассоциацийы сæйраг къантор (эспер. Centra Oficejo de UEA).