Перейти к содержанию

Гергиты Валери

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Гергиты Валери
Иумæйаг информаци
Райгуырды датæ 1953-æм азы 2 майы(1953-05-02)[1][2][…] (71 азы)
Райгуырæны бынат
Бæстæ
Професситæ дирижёр, музыкалон менеджер
Сфæлдыстады азтæ 1977
Инструменттæ фортепиано[d]
Жанртæ классикон музыкæ[d], оперæ æмæ симфонион музыкæ[d]
Лейблтæ Decca Records[d]
Хорзæхтæ
valery-gergiev.ru/en/
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Гергиты (Джерджиты) Абисалы фырт Валери у Марияйы театры сæргълæууæг, аивадон разамонæг, Уæрæсейы адæмон артист, паддзахадон премиты лауреат, дунейы зынгæдæр дирижёртæй иу. 2007-æм азæй фæстæмæ Гергиты Валери у Лондоны симфонион оркестры сæйраг дирижёр.

Гергиты Валери райгуырдис 1953-æм азы 2 майы Мæскуыйы. Йæ сывæллоны бонтæ арвыста Дзæуджыхъæуы.

Каст фæцис Ленинграды Римский-Корсаковы номыл консерватори профессор И. А. Мусинмæ. 23-аздзыдæй рамбылдта Герберт фон Караяны номыл дирижёрты конкурс Берлины æмæ студентæй уæвгæйæ хуынд æрцыд Кировы номыл оперон театрмæ (ныртæккæ хуыйны Мариинский).

1977 азæй — Кировы номыл театры дирижёр. 1981-æм азæй 1985-æм азы онг куыста Сомихы паддзахадон оркестры сæйраг дирижёрæй. 35-аздзыдæй æвзæрст æрцыд оперæйы труппæйы аивадон разамонæгæй, 1996 азæй фæстæмæ кусы аивадон разамонæгæй æмæ сæргълæууæгæй Марияйы театры.

Хæрзиуджытæ

[ивын | Бындур ивын]

Гергиты Валери абон нымад у дунейы иууыл куырдиатджындæр дирижёрыл. Уый у УСФСР-ы сгуыхт аивадон архайæг (1983 аз); адæмон артист (1996 аз); Æхсæнадæмон организаци «International Classical Music Awards» радтой йын ном «Афæдзы дирижёр»; 1994 азы æмæ 1999 азы Уæрæсейы Паддзахадон премиты лауреат. Цалдæр хатты куыд иууыл курдиатджын дирижёрæн Гергийы-фыртæн лæвæрд æрцыд сæйраг театралон преми «Сызгъæрин маскæ». Афтæ ма йын лæвæрд æрцыд Бетъырбухы сæйраг театралон преми «Сызгъæрин софит» иууыл хуыздæр дирижёрон куыстыты тыххæй 1997, 1998 æмæ 2000 азты. 1998 азы музыкалон культурæмæ зынгæ бахасты тыххæй Philips Electronics Гергиты Валерийæн балæвар кодта сæрмагонд преми, æмæ йæ уый алæвæрдта æрыгон зарæггæнджыты академийы æххуысæн. 2000 азы Гергийы-фыртæн лæвæрд æрцыд Уæрæсейы иттæг бæрзонд хæрзиуæг — Хæлардзинады орден æмæ Сомихы Республикæйы иттæг бæрзонд хæрзиуæг — Сыгъдæг Месроп Маштоцы орден. Афтæ ма Гергийы-фыртæн радтой Германы хицауады хорзæх — фыццаг къæпхæны дзуар «Сгуыхтдзинæдты тыххæй», Италийы — орден «Цытджын кавалер», Францы — орден «Аивæдты æмæ литературæйы орден». 2002 азы лæвæрд æрцыд Уæрæсейы Президенты преми — зынгæ сфæлдыстадон æмæ зонадон бавæрды тыххæй. 2003 азы 31 мартъийы радтой ын цытджын ном «ЮНЕСКО-йы Сабырдзинады артист».

2007 азы Гергийы-фырт сси Бетъырбухы кадджын гражданин[4].

Æндæр архайд

[ивын | Бындур ивын]

У Уæрæсейы Президентон Советы архайæг культурæ æмæ аивады хаххыл.

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Valery Gergiev // Encyclopædia Britannica (англ.)
  2. Waleri Abissalowitsch Gergiew // Брокгаузы энциклопеди (нем.)
  3. Deutsche Nationalbibliothek Иумæйаг нормативон контроль (GND) (нем.) — 2012—2016.
  4. Почётные граждане Санкт-Петербурга Новые почетные граждане Петербурга — Валерий Гергиев и Сергей Крикалёв(недоступная ссылка). Датæ: 2008-æм азы 11 майы. Архив 2008-æм азы 11 майы.