Гаджибеков, Узеир Абдул-Гусейн оглы
Узеир Абдул-Гусейн оглы Гаджибеков | |
---|---|
азерб. Üzeyir Hacıbəyov | |
Иумæйаг информаци | |
Райгуырды датæ | 1885-æм азы 18 сентябры[1] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1948-æм азы 23 ноябры[2][3] (63 азы) |
Мæлæты бынат | |
Ныгæныны бынат | |
Бæстæ | |
Професситæ | дирижёр, композитор, музыкалон педагог, фыссæг, журналист, музыкалон этнограф, драматург |
Сфæлдыстады азтæ | 1904 — 1948 |
Жанртæ | оперæ, классикон музыкæ[d] æмæ мугам[d] |
Хорзæхтæ | |
Автограф | |
hajibeyov.com | |
Викикъæбицы медиа |
Узеир Абдул-Гусейн оглы Гаджибеков (азерб. عزيربك بن عبدالحسين حاجى بكوف, Üzeyir bəy Əbdülhüseyn oğlu Hacıbəyov; 6 [18] сентябры 1885, Агджабеди — 23 ноябры 1948, Баку) уыд азербайджайнаг советон композитор, дирижёр, музыкæзонæг, публицист, драматург, педагог, æхсæнадон архайæг. Советон Цæдисы адæмон артист (1938). Сталины премийы ll къæпхæны дыууæ хатты лауреат (1941, 1946).
Нырыккон Азербайджаны профессионалон музыкалон дæсныйады бындурæвæрæг, Азербайджаны ССР-йы Зонæдты академийы архайæг уæнг (1945), профессор (1940), Азербайджаны консерваторийы ректор (1928—1929, 1939—1948), Азербайджаны ССР-йы Композиторты цæдисы сæрдар (1938—1948). Коммунистон партийы уæнг 1938-æм азæй. Азербайджаны ССР-йы æмæ ныры Азербайджаны гимны автор. Пысылмон дунейы фыццаг оперæйы ныффыссæг[5][6].
Йæ ахуыр райдыдта медресейæ, стæй каст фæци дыуууæазыккон уырыссаг-тæтæйраг (азербайджайнаг) скъола. 1899-æм азæй 1904-æм азы онг ахуыр кодта Фæскавказы ахуыргæнджыты семинары азербайджайнаг хайады Гуры сахары[7]. Гуры базыдта скърипкæ æмæ виолончель цæгъдын, базонгæ и суинаг композитор Муслим Магомаевимæ (зарæггæнæг Муслим Магомаевы фыдыфыд)[8]. Уый фæстæ цыппар азы дæргъы амыдта Гадрут æмæ Бакуйы скъолаты.[7] 1905-æм азы куыста Бакуйы Биби-Эйбаты скъолайы, стæй «Саадат»-ы скъолайы, амыдта дзы азербайджайнаг æмæ уырыссаг æвзаг, математикæ, географи, истори[9]. Уыцы иу рæстæг сси газет «Хаят»-ы тæлмацгæнæг, газет «Иршад»-ы дæр архайдта. 1911-æм азы ацыдис Мæскуымæ бæстондæр музыкалон ахуыр райсынмæ[10], стæй Бетъырбухмæ дæр, кæцыйы ахуыр кодта консерваторийы В. Калафатийы разамындæй (1914).
Литературæ
[ивын | Бындур ивын]- Сарабский А. Г. Возникновение и развитие азербайджанского музыкального театра (до 1917 г.). — Б.: Издательство Академии наук Азербайджанской ССР, 1968. — 273 с.
- Мирза Ибрагимов. Üzeyir Hacıbəyovun şəxsiyyəti və yaradıcılığı. — Баку, Азербайджанская ССР, СССР: Азернешр, 1987.
- Ахмед Исазаде. (на азербайджанском). — Баку, Азербайджанская ССР, СССР: Элм, АН Азербайджанской ССР, 1990.
- Х. Гашимова, Р. Оруджалиева, Н. Асланбекова, Г. Сафарова, Н. Салимова. (на азербайджанском). — Баку, Азербайджан: Азербайджанская Государственная Библиотека имени М.Ф.Ахундова, 2008.
- Мәммәдли Г. Үзејир Һаҹыбәјов. 1885 — 1948 Һәјат вә јарадыҹылығынын салнамәси. — Б.: Јазычы, 1984.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Азәрбајҹан Совет Енсиклопедијасы (азерб.): [10 ҹилддә] — Бакы: Азәрбајҹан Совет Енсиклопедијасынын Баш Редаксијасы, 1976. — Т. 10. — Ф. 147.
- ↑ Uzeyir Hajibeyov // Musicalics (фр.)
- ↑ Uzeir Abdul Husein Ogli Hadžibekov // Proleksis enciklopedija, Opća i nacionalna enciklopedija (хорв.) — 2009.
- ↑ Deutsche Nationalbibliothek Иумæйаг нормативон контроль (GND) (нем.) — 2012—2016.
- ↑ Matthew O'Brien. Uzeir Hajibeyov and his role in the development of musical life in Azerbaijan. — Routledge, 2004. — С. 211. — ISBN 0-415-30219-6, 9780415302197.
- ↑ William O. McCagg, Brian D. Silver. Soviet Asian ethnic frontiers. — Pergamon Press, 1979. — ISBN ISBN 0-08-024637-0, 9780080246376.
- ↑ 7,0 7,1 Гаджибеков Узеир Абдул Гусейн-оглы . Биография.ру. Датæ: 2019-æм азы 15 июны. Архив 2011-æм азы 19 августы.
- ↑ Магомаев Муслим Магомаевич(недоступная ссылка). Биография.ру. Датæ: 2010-æм азы 18 июны. Архив 2007-æм азы 16 майы.
- ↑ Ч.Каджар. Старая Шуша. 2007, Изд-во Шарг-Гарб., стр 326
- ↑ Ч.Каджар. Старая Шуша. 2007, Изд-во Шарг-Гарб., стр 327
- 18 сентябры чи райгуырдис, уыдон
- 1885-æм азы чи райгуырдис, уыдон
- Агджабедийы чи райгуырдис, уыдон
- 23 ноябры чи амардис, уыдон
- 1948-æм азы чи амардис, уыдон
- Бакуйы чи амардис, уыдон
- Ленины ордены кавалертæ
- Советон Цæдисы адæмон артисттæ
- Зындгонд адæм алфавитмæ гæсгæ
- Музыканттæ алфавитмæ гæсгæ
- СЦКП-йы уæнгтæ
- Публицисттæ алфавитмæ гæсгæ
- Композитортæ алфавитмæ гæсгæ
- Азербайджаны композитортæ
- Советон Цæдисы композитортæ
- Азербайджаны дирижёртæ
- Дирижёртæ алфавитмæ гæсгæ