Фæскавказы ахуыргæнджыты семинар
Фæскавказы ахуыргæнджыты семинар (уырыс. Закавказская учительская семинария) уыд Уæрæсейы империйы Хуссар Кавказы адæмтæн педагогон дæсныйад парахат кæныны ахсджиаг артдзæст, 4-азыккон сæрмагонд скъола, суинаг ахуыргæнджытæ кæм ахуыр кодтой, ахæм. Куыста 1876-æм азæй 1917-æм азы онг Гуры.
Фæскавказы (Гуры) ахуыргæнджыты семинар уыд дыккаг ахæм уагдон Гуырдзыстоны, фыццаг байгом и 1866-æм азы Тбилисы (1872-æм азæй Ахуыргæнджыты институт). Æртыккаг æмæ цыппæрæм ахæм ахуыргæнæндæттæ систы Кутаисы (1881) æмæ Сухумы (1915) ахуыргæнджыты семинартæ. 1878-æм азæй 1891-æм азы онг Фæскавказы ахуыргæнджыты семинары директор уыдис педагог, адæмон ахуырады зынгæ архайæг, фыссæг Дмитрий Семёнов (1834—1902)[1].
Семёнов директор куы уыдис, семинары байгом кодтой азербайджайнаг хайад (1879-æм азы) — гуырдзиаг, сомихаг æмæ уырыссаг хайæдты фæстæ.
Семинары фыццаг азербайджайнаг рауагъдæттæ уыдысты Сафарали бек Велибеков Шушайæ, Теймур Байрамалибеков Ленкоранæй æмæ Мирза Халилов Нахичеванæй. Сафарали бек Велибеков баззадис семинары кусын, амыдта азербайджайнаг æвзаг. Гуры сарæзтæуыд фыццаг азербайджайнаг æвзаджы ахуыры чиныг скъолатæн[2].
Фæстæдæр Фæскавказы ахуыргæнджыты семинар райрæзти æмæ сси Гуры паддзахадон педагогон институт.
Семинар тынг ахсджиаг уыд ног азербайджайнаг æмæ иннæтæ адæмты интеллигенци байрæзынæн. Семинары рауагъдæтты ’хсæн уыдысты:
- Азад Амиров
- Важа Пшавела
- Джалил Мамедкулизаде
- Зульфугар Гаджибеков
- Муслим Магомаев
- Нариман Нариманов
- Алирза Расизаде
- Сафарали бек Велибеков
- Сулейман Сани Ахундов
- Узеир Гаджибеков
- Фиридун бек Кочарли
- Хъайтмазты Аслæмырзæ
- Якоб Гогебашвили
Литературæ
[ивын | Бындур ивын]- Антология педагогической мысли Азербайджанской ССР. Сост. А. А. Агаев, А. Ш. Гашимов. — Москва: Изд-во «Педагогика», 1989. — 592 с.: ил.
- Ф. А Сейидов. Горийская Семинария и ее выпускники. Баку. Издательство «Маариф», 1988. 230 стр.
- Шемистан Назирли. Поезд из Гори. Баку, 1998. 170 стр.