Белуджаг æвзаг
Белуджаг æвзаг | |
---|---|
Хином | بلوچی |
Бæстæтæ | Пакистан, Иран, Афгъанистан, Туркменистан, Оман, АИЭ |
Официалон статус | Белуджистан |
Дзурджыты нымæц | 7,5 млн |
Классификаци | |
Категори | Евразийы æвзæгтæ |
Фыссынад | араббаг алфавит |
Æвзаджы кодтæ | |
ISO 639-1 | — |
ISO 639-2 | bal |
ISO 639-3 |
bal — белуджаг (æппæтон) bgp — скæсæн bgn — ныгуылæн bcc — хуссар |
ГОСТ 7.75–97 | беу 095 |
Ethnologue | bal |
ABS ASCL | 4104 |
IETF | bal |
Glottolog | balo1260 |
Белуджаг æвзаг (بلوچی) у белуджаг адæмы æвзаг. Хауы ирайнаг æвзæгтæм (цæгат-ныгуылæйнаг къорд). Æмбæлы Пакистаны, Ираны, Афгъанистаны, Туркменистаны, Оманы æмæ Араббы Иугонд Эмиратты.
Мадæлон кæмæн у, уыцы адæймæгты нымæц у 7,5 милуанæй фылдæр, уыимæ Пакистаны — 6 милуанмæ æввахс, Ираны — 1–1,2 милуаны, Афгъанистаны — 200 мины, Оманы — 130 мины, ИАЭ-йы — 100 минмæ æввахс, Туркменистаны — 38 мины.
Белуджаг æвзаг дихгонд у дыууæ бындурон диалектон къордыл — ныгуылæйнаг æмæ скæсæйнагыл. Пакистаны æмæ Афгъанистаны цæрæг белуджæгтæ пайда кæнынц, йæ бындуры араббаг графикæ кæмæн ис, ахæм фыссынадæй. Белуджаг текстты тæккæ рагондæр æвдисæйнæгтæ фыст æрцыдысты XVIII æнусы. ССР Цæдисы 1930-æм азты фæлвæрдтой пайда кæнын латинаг алфавиты фæрцы, 1990-æм азты райдианы Туркменистаны та — кириллицæйы фæрцы.