Шуя

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Сахар
Шуя
уырыс. Шуя
Тырыса Герб
Тырыса Герб
56°51′00″ с. ш. 41°22′00″ в. д.HGЯO
Паддзахад Уæрæсе Уæрæсе
Федерацийы субъект Ивановойы облæст
Истори æмæ географи
Бындурæвæрд 1539
Фыццаг кой 1539
Сахар кæдæй 1778
Фæзуат 33,29 км²
Центры бæрзæнд 100 м
Сахатон таг UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ 57 039[1] адæймаджы (2020)
Цифрон идентификатортæ
Телефонон код +7 49351
Посты индекс 185504
okrugshuya.ru
Шуя (Уæрæсе)
Шуя (Ивановойы облæст)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Шу́я (уырыс. Шуя) у Уæрæсейы Ивановойы облæсты стырдæр сахартæй æртыккаг. Цæрынц дзы 57 мин адæймаджы.

Шуя у Уæрæсейы рагондæр сахартæй иу. Йæ бындур æвæрд æрцыд XIV æнусы, чингуытæ та йæ кой фыццаг хатт скодтой 1539-æм азы — уыцы аз Хъазаны хан Сафа-Гирей ныддæрæн кодта цалдæр уырыссаг сахары, уыдоны ’хсæн Шуя дæр.

1722-агæм аз, Персимæ цæугæйæ, Шуямæ æрбацыд Пётр I. Таурæгъмæ гæсгæ, ам паддзах цыдæр низæй йæхи сдзæбæх кодта æвдадзы Мадымайрæмы иконæйы æххуысæй, æмæ уый фæстæ Пётры æрфæндыд уыцы иконæ Бетъырбухмæ ахæссын. Бынæттон цæрджытæ, дзуары сурæтæн стыр аргъ чи кодта, зæрдиагæй куырдтой паддзахы, цæмæй ма ахастаид Мадымайрæмы сурæт, æмæ паддзах уыдонимæ сразы ис.

Незамантæй Шуя уафæн амалиуæгæй цардис. XVIII æнусы та ам фæзындысты фыццаг уафæн мануфактурæтæ.

Сахары рæсугъддзинад кодтой аргъуантæ, 1917-æм азы ам ссæдз аргъуанæй фылдæр уыдис.

Зындгонд Шуяйы цæрджытæ[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]