Перейти к содержанию

Шогенцуков, Адам Огурлийы фырт

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Адам Огурлийы фырт Шогенцуков
Райгуырды датæ 31 августы (13 сентябры) 1916[1]
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1995-æм азы 5 майы(1995-05-05) (78 азы) кæнæ 1995[2]
Мæлæты бынат
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Ахуырад
Архайды хуыз поэт, прозаик, драматург, публицист, тæлмацгæнæг
Уацмысты æвзаг кæсгон-черкесаг æмæ уырыссаг
Хорзæхтæ
Орден Отечественной войны I степени Орден Отечественной войны II степени Фæллойадон Сырх Тырысайы орден Адæмты хæлардзинады орден орден «Кады Нысан»

Адам Огурлийы фырт Шогенцуков (1916-æм азы 13 сентябры1995-æм азы 5 майы) уыди кæсгон поэт, прозаик, драматург, публицист. Фыста кæсгонау æмæ уырыссагау.

Цардафыст

[ивын | Бындур ивын]

Адам Шогенцуков райгуырдис Кучмазукинойы хъæуы (ныртæккæ Кæсæг-Балхъары Пахсæны сахар). Ахуыр кодта хъæуы райдиан скъолайы. Фæстæдæр, 1940-æм азы, каст фæци Кæсæг-Балхъары паддзахадон университеты æвзаг æмæ литературæйы факультет. 1938-æм азы фыццаг хатт мыхуыры рацыдысты йæ уацмыстæ, 1939-æм азы та æмдзæвгæты циклы тыххæй йæ райстой ССР Цæдисы Фысджыты цæдисмæ.

1941-æм азы ноябрæй æмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæуды онг Адам хæцыди фронты, хæцгæйæ фæцыд Кавказæй Прагæ, Будапешт æмæ Венæмæ.

Демобилизацийы фæстæ Адам Шогенцуков куыста Кæсæджы Зонадон-иртасæн институты (уырыс. КНИИ) зонадон кусæгæй, Кæсæджы паддзахадон педагогон институты ахуыргæгнæгæй. Иу рæстæг уыди Горькийы номыл Литературон институты цур уæлдæр литературон курсыты ахуыргæнинаг. Фæстæдæр сси журнал «Ошхамахо»-йы сæйраг редактор.

Бирæ азты дæргъы Шогенцуков фæкуыста Кæсæг-Балхъары Республикæйы Фысджыты цæдисы правленийы сæрдарæй (1951–54, 1956–58, 1970-æм азæй).

Адам Шогенцуков у къорд поэтикон æмбырдгонды автор: «Зæрдæйæ зæрдæмæ» (1962), «Тæрккъæвдайы размæ» (1966), «Зæххы хорздзинад» (1974), «Зæххон цин» (1977), «Зæрдæйы фæд» (1980), «Фæндæгтæ» (1981), «Зараг гага» (1986), «Æнæхъæн æхсæв уаргæ кодта» (1991). Ноджы ма фыста прозаикон уацмыстæ. Уыдонæй зæнгæдæртæ сты: уацаутæ «Софиаты уалдзæг» (1955), «Дæ ном ын ратдзынæн» (1970), «Рухс рудзынг» (1984), стæй радзырдтæ «Фембæлд», «Райдзаст фæззæг», «Æнæкъах мæнгдзинад», «Кунайы тæргай».

Шогенцуковæй фыст æрцыд, национ сценæйы кæй сæвæрдæуыд, ахæм цалдæр пьесæйы: пьесы «Мадинæ», «Уарзæттæ», «Уарзт æмæ лæгдзинад».

Литератор ма зындгонд уыди куыд дæсны тæлмацгæнæг. Уый кæсгон æвзагмæ раивта куыд уырыссаг, афтæ фæсарæйнаг классикты уацмыстæ (Навои, Пушкин, Лермонтов, Некрасов, Шекспир æмæ Лопе де Вега).

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. 1,0 1,1 Большая советская энциклопедия (уырыс.): [в 30 т.] / под ред. А. М. Прохорова — 3-е изд. — Москва: Советская энциклопедия, 1969.
  2. Deutsche Nationalbibliothek Иумæйаг нормативон контроль (GND) (нем.) — 2012—2016.