Хърупс (цæугæдон)
Внешний вид
Хърупс | |
---|---|
Характеристикæ | |
Дæргъ | 16 км |
Цæугæдоны цыд | |
Гуырæн | Алагиры район |
Донæфтæн | Цраудон |
Ран | |
Паддзахад | Уæрæсе |
Регион | Цæгат Ирыстон |
|
Хърупс[1] кæнæ Хърупсы дон[1] у чысыл цæугæдон Цæгат Ирыстоны, кæлы Алагиры цур. Уый у Цраудоны фæрсагдон.
Этимологи
[ивын | Бындур ивын]Цагъаты Анастасияйы версимæ гæсгæ ацы дзырд кæсгон-черкесаг æвзагæй цæуы: къру «хърихъупп» + псы «дон».[1]
Адæмон этимологи: Хърупсы уыд цъымара зæхх, æдзухдæр дзы хæфсытæ æхсæвæйбонæй уасыдысты, хъуыр-хъуыр кодтой. Уымæ гæсгæ сæ схуыдтой Хърупс.[2]
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ 1,0 1,1 1,2 Цагаева А. Дз. Топонимия Северной Осетии — Владикавказ: Ир, 2010 — с. 623.
- ↑ Торчынты Т. Иры хæзнадонæй — Дзæуджыхъæу: Ир, 2010 — 382 ф.