Хъаджарты династи
Хъаджарты династи — сахты династи Ираны, æлдариуæг кодтой 1796—1925 азты. Равзардысты Занд династийы фæстæ.
Уыцы династийы сахтæн сæ номхыгъд
- Агъа Мухаммад хан (1796—1797)
- Фатх Али сах (1797—1834)
- Мохаммад сах (1834—1848)
- Нассер-аль-Дин сах (1848—1896)
- Моззафар-аль-Дин сах (1896—1907)
- Мохаммад Али сах (1907—1909)
- Ахмад сах (1909—1925)