Перейти к содержанию

Мæзæрæу

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Мæзæрæу
Мæзæрæу
Зонадон классификаци
Паддзахад: Зайæгойтæ
Хайад: Дидинæгджын зайæгойтæ
Кълас: Дыхайон зайæгойтæ
Къорд: Asterales
Бинонад: Бæндыстæ
Мыггаг: Скъæлдзой
Хуыз: Мæзæрæу
Латинаг ном
Artemisia dracunculus L.
ITIS 35462
NCBI 72341

Мæзæрæу[1][2][3] кæнæ мæзæрæг, бæхы мизг[4] (тархун, тъархуна[4], эстрагон дæр æй хонынц, лат. Artemisia dracunculus) у популярон цæхæрадоны кæрдæг, скъæлдзойы хуыз.

Адæмон хосгæнджытæ дзы рагæй дзæбæх кæнынц, йæ игæр æмæ йæ зæрдæ кæмæн фæриссынц, уæлдайдæр та игæры циррозæй чи барæсыйы æмæ йæ зæнгтæ дондыппыр кæмæн свæййынц, ахæм рынчынтæн. Уымæн, æмæ хорз æххуыс у буарæй уæлдай дон федде кæнынæн. Амонынц ма йæ, йæ гуыбыны кæлмытæ кæмæн ис, йæ туджы арæзт нывыл кæмæн нал у æмæ хæлын кæмæн райдыдта (малокровие), витаминтæ хъуаг чи баййафы, ахæмтæн. Йæ гаччы сбадын кæны тъæнгты æмæ ахсæны донгуырæнты куыст; уыимæ — хæринаджы тайынад дæр.

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Тахъазты Фидар. Дыгурон-уырыссаг дзырдуат — Дзæуджыхъæу: Аланыстон, 2003.
  2. Русско-иронско-дигорский и дигорско-иронско-русский терминологический словарь животного и растительного мира / Составители: Т.А. Тамаев и Б. К. Боллоев. — Владикавказ: Издательско-полиграфическое предприятие им. В. Гассиева, 2006 — 96 с.
  3. Цгоев Т.Ф. Русско-осетинский экологический словарь. Книга первая. Русско-осетинский словарь названий растений и терминов, относящихся к ним; — Владикавказ, 2017. — 507 с.
  4. 4,0 4,1 Техов Ф. Д. Названия растений в осетинском языке. Цхинвали: Издательство «Ирыстон».