Нас
Нас[1] (латинаг классификацийы Cucurbita) у хæргæ халсар.
Нас адæймаг базыдта тынг раджы, суанг нæ дуджы агъоммæ. Зайы Зæххы къорийы бирæ континентты. Уый хъæздыг у алыхуызон сæкæртæй, урсаджы элементтæй — пектинтæй, бирæ дзы ис хъæугæ витаминтæ: А, С, Е, В1, В2, В3, урсæгтæ, ферменттæ. Микроэлементтæ: кальций, магний, æфсæйнаг, фосфор, æрхуы, кобальт. Ахсджиаг хæринаг сты насы æппытæ дæр. Сæ мидæг дзæвгар ис урсæгтæ, витаминтæ С, Е, А, В.
Адæмон хосгæнджытæ насы æххуыс раджы базыдтой. Пайда дзы кодтой æмæ ныр дæр кæнынц рынчынтæн æмæ сывæллæттæн, цæмæй сæ буар низты ныхмæ фидардæр уа, уый тыххæй. Нас хорз ахъаз у хæлц тагъддæр æмæ бæстондæр атайыны хъуыддаджы, тъæнгты сæтцъар куы фехæлы, уæд уый ногæй йæ гаччы сбадын кæны, масты дзæкъул цыдæр низы аххосæй куы слæмæгъ вæййы, уæд æй фæхъæддыхдæр кæны. Йæ зæрдæ æмæ тугдадзинтæ кæмæн фæсахъат вæййынц, уымæн йæ зæнгтæ куы барæсийынц, уæд сын сæ рæсыд æрбадын кæны. Пайдайаг хæринаг у, йæ игæр æмæ йæ уыргтæ кæмæн фæриссынц, ахæм рынчынтæн, уæззау згъæртæй кæй буар фæхъæстæ вæййы, радиоактивон тынты азар кæй баййафы, уыдонæн. Чи йæ базыдта, уыдон насы донæй фæдзæбæх кæнынц сæ нервыты системæ. Уыцы доны агуывзæйыл ма иу лимоны æрдæг балæмар, бануаз æй æмæ дзы дæ хуыссæг фæарфдæр, фæдæргъвæтиндæр уыдзæн. Нас хорзырдæм фæзыны, æгæр хæрзхуыз чи у, йæ туджы æлхъывдад бæрзонд кæмæн у æмæ йæ гуыбын кæмæн фæхус вæййы, ахæм рынчынты хæрдыл æй куы бафтауай, уæд.
Насæн æрдз бахай кодта рæсугъд бур дидинджытæ. Адæймаг сæ, канд нывæфтыд кæй сты, уый тыххæй нæ зоны, фæлæ ма дзы пайда кæны низты ныхмæ дæр. Насы дидинджыты фых донæй цыфæнды хъæдгом дæр куы æхсай, уæд уый тагъддæр байгас вæййы. Ахæм донæй ма фæпайда кæнынц, сæкæрнизæй рынчынтæн сæ къæхты зындзæбæх хæлмæгтæ (трофическая язва) куы фæзыны, уæд уыдоны дæр.
Уæдæ æвæджиау хорз хостæ саразынц насæн йæ æппытæй дæр. Уыдонæй иу хуыйны тыквеол. Йæ архайд у, нæлгоймæгтыл чи фæзыны, ахæм уæззау низтæ простатит æмæ аденомайы ныхмæ. Канд тыквеол чи нуазы, уымæн нæ, фæлæ насы æппытæ хомæй кæнæ хусгондæй чи æхсыны, уыцы низджын нæлгоймæгтæн хорз ахъаз у сæ доныхуыпп цæмæй æнцондæрæй рацæуа, уымæн.
Насы æппытæй ма нырыккон медицинæ пайда кæны. Адæймаг дзы фервæзы уаццаг хуыз гуыбыны кæлмытæ — бычья цепень, свиная цепень, карликовая цепень æмæ широкий лентец кæй хонынц, уыдонæй.
Нас ирон фынгыл
[ивын | Бындур ивын]Хосæй уæлдай ма нас у адæймаджы фынджы фидауц дæр. Алчидæр æй адджынæн бахæры куыд духовкæйы, афтæ картофимæ аджы фыхæй дæр. Уæлдай хуыздæр ад фæкæны тебæйы мидæг сойы фыхæй дæр. Æмбал дзы нæй ирон æфсины къухæй конд лæппæг насджынтæн дæр, ахæм чъиритæй бæркадджын æмæ рæсугъд у ирон фынг.
Кæс ноджы
[ивын | Бындур ивын]Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Æндæр варианттæ сты къуыд.ныхас. къуахи (гуырдз. კვახი), чыс.ныхас. гогра (гуырдз. გოგრა). Кæс: Дзиццойты Юри. Чысайнаг ныхасыздæхты цыбыр афыст. — Цхинвал, «Хуссар Алани», 2008.