Фермерты скъола
«Фермерты скъола» у регионалон æхсæнадон организаци, кæцы æвæры йæ размæ нысан рабæрæг кæнын фæсивæды профессионалон здæхт агробизнесы. Организаци кусы рæвдауæндæтты ахуырдзаутимæ æмæ рауагъдонтимæ, рынчын сидзæр сывæллæтимæ (олигофрентимæ), хъæуты цæрæг фæсивæдимæ, æрæджы ахæстонæй кæй рауагътой, уыдонимæ, хъæууон хæдзарадон университеты рауагъдонтимæ, куыстæй æмæ цæрæнуатæй хъуаг чи æййафы, ахæмтимæ.
Истори
[ивын | Бындур ивын]1980-æм азы Вячеслав Горелов ахуыр кодта спортсменты туризмон ориентировæнийæ.[1] 1994 азы Горелов йæ центры бындурыл æмæ спортскъолаты райдыдта барсæттæнтимæ профилактикон куыст. Уыцы аз бындур æвæрд æрцыд организаци «Койва»-йæн. Йæ фæрцы зын æнахъомтæ æмæ зылынгонд фæсивæд архайдтой дзыллон сплавты цæугæдæтты. Уый тыххæй Горелов бавдыста проект «Туризм фыдгæндты ныхмæ», кæцыйæн райдыдта æххуыс кæнын сахары администрации.
1997 азы байгом и лагерь «Ирень». Уым уыдысты конд бæхджын æмæ велосипедон маршрутытæ, уæд æппæт лагеры баулæфыдысты 2000 адæймаджы. 1998 азы лагерь сси паддзахадон сæрмæмулк. 2000 азы Вячеслав Горелов сси удгоймаг амалиуæгдар æмæ сарæзта хъæу Кривецы, Пермы крайы, уазæг хæдзар æрбацæугæ кæсагахсджытæн. 2003 азы сидзæр сывæллæтæн конд æрцыд лагерь.[2] Уæдæй фæстæмæ Горелов райдыдта æмгуыстад Вагит Алекперовы фондимæ «Нæ фидæн»[3].
2009 азы фæзынд организаци «Фермерты скъола». Йæ программæ реализацигонд цæуы цалдæр къæпхæны дæргъы. Фыццагыл, фæдзурынц 30 хайадисагмæ профессионалон здæхт æмæ социализацийы курсытæм. Архайджыты кар 18 азæй 23 азмæ. Хуыздæр хатцæгтæ чи равдыста, уыдон дыккаг къæпхæныл цæуынц профессионалон ахуыр хъæууон хæдзарады алыхуызон дæсныйæдтыл. Организацийæн ис хорз фадаттытæ сæ продукци уæй кæнынæн, уымæ гæскæ æнахъомтæн ис гæнæнтæ исын æфтиаг. 2012 азы проект «Фермерты скъола» райста фонд «Нæ фидæн»-ы преми[4].
Районы администраци радих кодта проектæн зæхх. Уым фæнд кодтой æрбынат кæнын рæвдауæндæтты рауагъдонты, æмæ хъæды хай хæдзæртæ аразынмæ. Фæлæ «Фермерты скъола»-йæн цы хъæды хай радтой уым, Гореловы ныхæстæм гæсгæ, раздæр закъон халгæйæ уæй кодтой хъæдæрмæг. Амалиуæгдарæн бантыст райсын бар бæлæстæ акалын, фæлæ йæ зæххыл цы бæлæстæ хъуама уыдаид, уыдон раздæр акалдтой æмæ цæ аластой. Хъæдæрмæг давд кæй æрцыд, уый Горелов базыдта 160 минæн ивæр йæм куы æрбарвыстой, уæд[4].
Æддаг æрмæг
[ивын | Бындур ивын]- «Фермерты скъола» Архивгонд æрцыдис 21 майы 2015 азы., организацийы официалон сайт.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Коллектив авторов. Глава 5. Четыре истории социальных предприятий // Социальное предпринимательство в России и в мире. Практика и исследования / Редактор Московская А. А., рецензент Чепуренко А. Ю.. — Высшая школа экономики, 2013. — 286 с. — ISBN 5759808834.
- ↑ Елена Тимохина. Альтернатива благотворительности., Forbes (22 ноября 2010).
- ↑ Татьяна Плешакова. Коммуна не хуже, чем у Макаренко. Пермский пелагог всю жизнь посвятил трудным подросткам . Аргументы и факты (20 сентября 2012). Датæ: 2015-æм азы 30 апрелы.
- ↑ 4,0 4,1 Александра Ильина. Нам неинтересно(недоступная ссылка). Московские новости (11 октября 2013). Датæ: 2015-æм азы 30 апрелы. Архив 2015-æм азы 21 майы.