Францаг академи

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Францаг академи

Францаг академи (Францаг æвзаджы академи) (фр. Académie Française) у Францы уыцы зонадон уагдон, йæ нысан кæмæн у францаг æвзаг æмæ литературæ иртасын, стæй францаг æвзаджы литературон нормæтæ аразын. Æрвылаз Академи дæтты 60 литературон премимæ æввахс.

Сарæзты истори[ивын | Бындур ивын]

Францаг академийы бындурæвæрæг у кардинал Ришельё. Сарæзтæуыд, кардинал 1635-æм азы 29 январы цы балæвары грамотæ (уырыс. жалованная грамота) бафыста, уый фæрцы. Грамотæйы куыд амынд уыдис, афтæмæй Академи арæзт æрцыд, «цæмæй францаг æвзаг суа канд элегантон нæ, фæлæ ма аивæдтæ æмæ зонад æмбарынгæнынхъом».

Академийы фыццаг уæнгты ’хсæн уыдысты Валантен Конрар, Жан Демаре де Сен-Сорлен, Жан Ожье де Гомбо, Франсуа Метель де Буаробер, Жан Шаплен, Никола Фаре, Антуан Годо, Франсуа Менар, Гомбервиль, Гийом Кольте, Гез де Бальзак, Ракан, Вожла, Сент-Аман, Вуатюр.

Академийы ныртæккæйы сконд[ивын | Бындур ивын]

Академийы ис 40 уæнджы. Академичы равзарынц цæрæнбонмæ, æмæ йæ хонынц æнæмæлгæ (фр. les immortels), зæгъгæ, ахæм номæй. Ацы кадджын ном фæзынди, Ришельё цы девиз ныффидар кодта, уый охыл: «Æнæмæлæты сæраппонд». Наполеон III-æмы дугæй цæуы академикты хицæнгæнæн нысан — кæрдæгцъæх фрак (фр. habit vert). Академичы амæлæты фæстæ йæ бынатмæ равзарынц ног адæймаджы. Ногæвзæрст уæнг, «Академийы дæлбазыр райсыны» бон хъуамæ зæгъа йæ развæдгæнæджы номарæн ныхас. Къорд академичы æндæр æмæ æндæр аххосæгты охыл Академимæ райстæуыдис кадджын уавæры нæ, фæлæ æнæуый уавæры. Уыдоны ’хсæн — Жорж Клемансо æмæ Ален Роб-Грийе; ахæмтæй сæ фылдæр хай сæхæдæг не сразы сты уыцы церемони сæххæст кæныныл. 1923-æм азы уыди ахæм хабар æмæ Академийы ногæвзæрст уæнг йæ развæдгæнæджы ном ссарынæн цы ныхас (уырыс. речь) загъта, уый банымадæуыдис нæбæззоныл, фæлæ йыл ногæй бакусыныл академик не сразы ис.

Дыккаг дунеон хæсты фæстæ юридикон тæрхонмæ гæсгæ Академийы уæнгты рæнхъытæй рацух чындæуыд цалдæр академичы сæ коллаборационизмы тыххæй, уыдоны ’хсæн уыдысты маршал Петен æмæ философ-националист Шарль Моррас. Академийы æнæбаивгæ нымæрдар Жорж Дюамелы фæндонмæ гæсгæ сæ бынæттæ расидтыуыдис вакантоныл, фæлæ цалынмæ а дыууæ рацухгонд адæймаджы æгас уыдысты, уæдмæ сæ бынатмæ ног академиктæ æвзæрст нæ цыдис (иннæ дыууæ коллаборационисты Абеля Боннар æмæ Абель Эрманы хъауджыдæр).

Иуæй-иу хатт Академимæ равзарынц, фыссæг кæнæ ахуыргонды нæ, фæлæ æфсæддон кæнæ политичы. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæмтæн вæййы исты мыхуыргонд фыстытæ, мысинæгтæ æмæ æнд.