Ришельё, Арман Жан дю Плесси

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Арман Жан дю Плесси де Ришельё
фр. Armand Jean du Plessis de Richelieu
Тырыса
Францы фыццаг министр
Тырыса
1624 — 1642
Монарх Людовик XIII
Раздæр чи уыд Шарль д'Альбер
Фæстæдæр Джулио Мазарини
Тырыса
Бретаны губернатор
Тырыса
1632 — 1642
Раздæр чи уыд Понс де Лозьер де Темин
Фæстæдæр Аннæ Австрийаг
Тырыса
Францы фæсарæйнаг хъуыддæгты паддзахадон секретарь
Тырыса
1616 — 1617
Монарх Людовик XIII
Раздæр чи уыд Клод Мангот
Фæстæдæр Пьер Брюлар, виконт де Пюизье
Тырыса
Францы æфсæддон хъуыддæгты паддзахадон секретарь
Тырыса
1616 — 1617
Монарх Людовик XIII
Раздæр чи уыд Клод Мангот
Фæстæдæр Никола Брюлар де Силлери
Тырыса
Люсоны алчер
1607 — 1624
Раздæр чи уыд Франсуа Ивьер
Фæстæдæр Эмерик де Брагелоне

Райгуырдис 1585-æм азы 9 сентябры(1585-09-09)[1][2][3][…]
Амардис 1642-æм азы 4 декабры(1642-12-04)[4][1][2][…] (57 азы)
Ныгæныны бынат
Мыггаг Ришельёйы бинонтæ[d]
Фыд Франсуа дю Плесси де Ришельё
Мад Сюзаннæ де Ла Порт
Ахуырад
Ахуырадон къæпхæн философийы доктор[d]
Архайд клирик, кардинал
Дин католицизм
Къухæрфыст Изображение автографа
Æфсæддон куыст
Æфсæддон куысты азтæ 16241642
Хуындад инæлар-лейтенант
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Арман Жан дю Плесси, герцог де Ришельё, Кардинал Ришелье, фæсном «Сырх кардинал» (фр. Armand-Jean du Plessis, duc de Richelieu; райгуырдис 1585-æм азы 9 сентябры Парижы — амардис 1642-æм азы 4 декабры Парижы) уыдис Францы кардинал, аристократ æмæ паддзахадон архайæг. 1616-æм азæй кардинал Ришелье уыдис паддзахадон нымæрдар, 1624-æм азæй йæ амæлæты бонмæ — хицауады сæргълæууæг («къаролы сæйраг министр»).

Цардафыст[ивын | Бындур ивын]

Ришелье райгуырдис Парижы, Сент-Эсташы приходы, Булуайы (кæнæ Булуары) уынджы. Æргъуыд æрцыдис 1586-æм азы 5 майы, йæ райгуырдæй æрдæгаз куы рацыдис, уæд («йæ тæнтъихæг, лæмæгъ» æнæниздзинады тыххæй). Дю Плесси де Ришельейы бинонтæ сæ уидæгтæм гæсгæ уыдысты Пуатуйы аристократтæ. Фыд — Франсуа дю Плесси де Ришелье — къарол Генрих III-æмы хицауиуæджы заман уыдис зынгæ паддзахадон архайæг; 1585-æм азы 31 декабры ссис Сыгъдæг Уды ордены рыцарь. Францы ацы ордены рыцарьтæ нымадæй уыдысты 140 адæймаджы — 90 мыггаджы минæвæрттæ.

Мады ном хуындис Сюзаннæ де Ла Порт. Ришельейы дыууæ натлиа фыды (уырыс. крестный отец) уыдысты Францы дыууæ маршæлы — сæ нæмттæ йын чи радтой, уыцы Арман де Гонто-Бирон æмæ Жан д’Омон. Натлиа мад йын уыдис йæ фыдымад Франсуаза де Ришелье (йæ чызгон мыггаг уыдис Рошешуар).

Ришелье каст фæцис Наваррæйы коллеж. 1607-æм азы 17 апрелы йын рардæуыдис Люсоны алчеры цытном. 1607-æм азы 29 октябры Сорбоннæйы бахъахъхъæдта теологийы докторы къæпхæн. 1608-æм азы 21 декабры ссис Люсоны епископад хицау. 1614-æм азы йæ равзæрстæуыдис Генералон штатты депутат дингæнджыты номæй. Кæрты йæм хъус æрдардæуыдис æмæ 1615-æм азы, Людовик XIII Аннæ Австриаджы куы ракуырдта, уый фæстæ йæ снысан чындæуыдис æрыгон ус-къаролы динон удæмбал (уырыс. духовник).

Сбунтгæнæг принц Кондеимæ æнтыстджын баныхæсты фæстæ Ришелье ссис регент-ус-къарол Мария Медичийы цалдæр уынаффæгæнджытæй иу. 1616-æм азы ноябры йæ снысан кодтой паддзахадон нымæрдарæй. 1617-æм азы 19 майы Ришелье ссис ус-къарол-мады советы сæргълæууæг. 1618-æм азы 7 апрелы герцог Люины интригæты фыдæй Ришелье æрвыст æрцыдис Авиньонмæ, фæлæ фаворит иуварсгонд куы æрцыдис, уæд уый фæстæмæ æрыздæхтис кæртмæ.

1624-æм азæй йæ амæлæты бонмæ Ришелье уыдис Людовик XIII-æмы цур хицауады сæргъы. 1629-æм азы 29 декабры кардинал, Йæ Паддзахдзинады инæлар-лейтенанты титул райсгæйæ, афардæг ис Италимæ æфсадæй командæ кæнынмæ, цыран равдыста йæ хæстон архæстдзинад æмæ базонгæ ис Мазариниимæ.

Ришелье йæ политикæйы бындурыл нымадта Генрих IV-æмы программæ æххæст кæнын: паддзахад фидар кæнын æмæ йæ централизаци кæнын, дингæнджыты секулярон хицауиуæджы дæлбар кæнын, центры æлдариуæг провинцитыл, аристократон оппозици иуварс кæнын, Европæйы континентыл Испани æмæ Австрийы гегемонийы ныхмæ архайын.

Ришельейы паддзахадон архайды сæйраг фæстиуæг уыдис асолютизмы ныффидары хъуыддаг Францы. Фидарзæрдæ, хынцæгзонд, æмæ хатгай æнæхатыры онг тызмæг чи уыдис, уыцы кардинал хицауиуæг кодта лæмбынæг, дардмæуынаг æмæ цырддзастæй, æмæ-иу исты тæссаг уавæр куы бафиппайдта, уæд-иу æй не ’руадзыныл рагацау бацархайдта.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. 1,0 1,1 Armand-Jean du Plessis Richelieu // Nationalencyklopedin (швед.) — 1999.
  2. 2,0 2,1 Armand-Jean Richelieu // Энциклопедия Брокгауз (нем.) / Hrsg.: Bibliographisches Institut & F. A. Brockhaus, Wissen Media Verlag
  3. Armand Jean Du Plessis de Richelieu // Gran Enciclopèdia Catalana (кат.)Grup Enciclopèdia, 1968.
  4. Bibliothèque nationale de France идентификатор BNF (фр.): гом бæрæггæнæнты платформæ — 2011.