Гез де Бальзак, Жан-Луи

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Жан-Луи Гез де Бальзак
Райгуырды датæ 1597-æм азы 31 майы(1597-05-31)[1][2]
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1654-æм азы 18 февралы(1654-02-18)[3][4] (56 азы)
Мæлæты бынат
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз фыссæг, историк
Уацмысты æвзаг францаг[1]
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Жан-Луи Гез де Бальзак (фр. Jean-Louis Guez de Balzac; 1597 азы 31 май Ангулемы — 1654 азы 18 февраль, фæзиан дæр уыцы сахары) уыди францаг фыссæг.

Цардафыст[ивын | Бындур ивын]

Гез де Бальзак уыдис Ангулемы сахары сæргълæууæджы фырт. Ахуыр кодта иезуитты коллежы, фæстæдæр та — Лейдены университеты. Уым Гез æмхиц уыдис Теофиль де Виоимæ. 1621æм азы араст ис Ромы сахармæ кардинал Ла Валеттимæ, куыд йæ нымæрдар, афтæ. Раст Италийы де Бальзак райдыдта кусын йæ зындгонддæр уацмыс — «Фыстæджытыл». 1623-æм азы Паризмæ куы раздæхтис, уæд ссис тынг зындгонд, армдарæн ын кодта, къаролы паддзахадон уынаффæгæнæг æмæ Францы историографæй йæ чи снысан кодта, уыцы Ришельё. Уыди мадам де Рамбуйейы салонмæ цæуаг. Де Бальзак уыдис Францы академийы фыццаг уæнгтæй иу (1634, 28-æм къæлæтджын).

Сфæлдыстад[ивын | Бындур ивын]

Йæ «Фыстæджыты» (фр. Lettres, сæ иу хай мыхуыргонд æрцыдис 1624-æм азы, иннæтæ — йæ мæлæты фæстæ) фæрцы Гез де Бальзак тынг бандæвта францаг литературæйыл. Йæ хайбавæрд национ прозæмæ ис абарæн, Малерб поэзимæ цы хай бахаста, уыимæ.

«Фыстæджытæ» скадджын сты канд Францы нæ, фæлæ Европæйы æндæр бæстæты дæр.

Уымæй уæлдай ма де Бальзак у къорд æндæр уацмысы автор. Уыдоны ’хсæн сты: Людовик XIII-æмы панегирик «Паддзах» (фр. Le prince, 1631), теологион трактат «Чырыстон Сократ» (Le Socrate chrètien, 1652), политикон трактат «Аристипп, кæнæ Кæрты тыххæй» (Aristippe ou De la Cour; мыхуыргонд æрцыдис авторы амæлæты фæстæ, 1658-æм азы), памфлет «Чъебре» (Le Barbon, 1648), латинаг æмдзæвгæты æмбырдгонд «Tres libri carminorum» (1650).

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. 1,0 1,1 Bibliothèque nationale de France идентификатор BNF (фр.): гом бæрæггæнæнты платформæ — 2011.
  2. Jean-Louis Guez de Balzac // Babelio (фр.) — 2007.
  3. Jean Louis Guez de Balzac // Энциклопедия Брокгауз (нем.) / Hrsg.: Bibliographisches Institut & F. A. Brockhaus, Wissen Media Verlag
  4. Jean-Louis Guez de Balzac // Gran Enciclopèdia Catalana (кат.)Grup Enciclopèdia, 1968.