Тыхостаты Мурат

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Тыхостаты Мурат

Тыхостаты Эльбрусы фырт Мурат (райгуырдис 1973-æм азы Дзæуджыхъæуы[1]) у Цæгат Ирыстоны политик, 2010-æм азы 24 декабрæй[1] 2012-æм азы онг уыд республикæйы æхсæнадон æмæ æддаг бастдзинæдты министр[2], 2012-æм азæй бирæ азты куыста миграцион службæйы. 2021-æм азы Мураты снысан кодтой Сергей Меняйлойы администрацийы разамонæджы хæдивæгæй[3][4].

Хуссар Ирыстоны хæсты агъоммæ уыдис Гуырдзиаг-ирон конфликт æрбæстон кæныны фæдыл Æмхæццæ контролон къамисы Цæгат Ирыстоны хайы æмсæрдар[5], хæсты фæстæ та архайдта «Женевæйаг дискусситы»[6].

Мурат каст фæци ЦИПУ-йы фæсарæйнаг æвзæгты факультет (1997), 2000-æм азы та каст фæци Цæгат Кавказы паддзахадон службæйы академи. 2011-æм азæй ис æм юристы диплом дæр, райста йæ Дзæуджыхъæуы разамынды институты[7].

Фиппаинӕгтӕ[ивын | Бындур ивын]