Турчы хъæлæс

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Турчы хъæлæс (тур. Türkiye'nin Sesi Radyosu) у Турчы паддзахадон радиойы æхсæнадæмон службæ. Уымæ фехъусæн ис цыбыр уылæнты, спутникæй Turksat 3A æмæ интернеты.

Истори[ивын | Бындур ивын]

Фыццаг æхсæнадæмон хъусынкæнынад скуыста Турчы 1937-æм азы 8 январы. Йæ сæйраг нысан уыдис Хатайы конфликт Сириимæ æрбæстон кæнын æмæ йæ фыццаг программæ уыдис уæды Турчы премьер-министр Исмет Инёнюйы ныхас араббаг æвзагыл.

Ныры куыст[ивын | Бындур ивын]

Туркаг æвзаджы йеддæмæ «Турчы хъæлæс»-ы программæтæ æрвылбон цæуынц 30 æвзагыл: азербайджайнагау, албайнагау, англисагау, араббагау, болгайрагау, боснийагау, венгриагау, грекъагау, гуырдзиагау, испайнагау, италиагау, китайагау, македойнагау, немыцагау, персайнагау, румынагау, сербагау, тæтæйрагау, сомихагау, туркменагау, узбекагау, уйгурагау, уырыссагау, францагау, хорватагау, хъазахагау, хъиргъизагау, стæй дари, пушту æмæ урдуйыл. Уыцы программæты боны æдæппæт дæргъ у 58 сахаты.

Уырыссаг æвзагыл программæ 2010 азты цæуы арæхдзинадыл 11965 кГц 17:00—18:00 Мæскуыйы рæстæгмæ гæсгæ.

Æддаг æрмæг[ивын | Бындур ивын]