Хорватаг æвзаг
Хорватаг æвзаг | |
---|---|
Хином | hrvatski jezik |
Бæстæтæ | Хорвати, Босни æмæ Герцеговинæ, Серби, Черногори, Австри, Венгри, Итали, Румыни, Словаки, Словени, Чехи |
Официалон статус | Серби (Воеводинæ) |
Дзурджыты нымæц | 6,2 млн. |
Классификаци | |
Категори | Евразийы æвзæгтæ |
|
|
Фыссынад | латинаг алфавит (гаевицæ) |
Æвзаджы кодтæ | |
ISO 639-1 | hr |
ISO 639-2 | hrv |
ISO 639-3 | hrv |
Ethnologue | hrv |
ABS ASCL | 3503 |
IETF | hr |
Glottolog | croa1245 |
Википеди ацы æвзагыл |
Хорватаг æвзаг (hrvatski jezik) у хорватаг адæмы мадæлон æвзаг, Хорватийы паддзахадон æвзаг. Дзурынц ыл 6,2 милуан адæймаджы.
XX æнусы ма хуынди сербаг-хорватаг æвзаг, фæлæ Югославийы фехæлды рæстæг иу æвзаджы хæстæг диалекттæ политикон аххостæй схуыдтой сербаг, хорватаг æмæ босниаг æвзæгтæ.
Нырыккон Хорватийы стынг и пуризм: паддзахады æххуысæй парахат кæнынц славяйнаг уидыгтæй арæзт ног дзырдтæ sveučilište «æппæтæн-ахуыргæнæндон» (университет, серб. универзитет), nogomet «къах-калгæ» (футбол/къахпорти, серб. фудбал) æмæ афтæ дарддæр. Хицæн хæдбар паддзахæдты дыууæ æвзаджы кæнынц дардæй-дарддæр.
Алфавит
[ивын | Бындур ивын]Хорватаг алфавит («гаевицæ») арæзт у латинаг бындурыл, чехаг алфавиты хуызæн, ис дзы 27 дамгъæйы æмæ 3 диграфы (уыдон дамгъæтыл нымад сты, куыд ирон алфавиты дæр, афтæ).
Дамгъæ | Хорватаг ном | Дамгъæ | Хорватаг ном | Дамгъæ | Хорватаг ном |
---|---|---|---|---|---|
A a | а | G g | гэ | O o | о |
B b | бэ | H h | ха | P p | пэ |
C c | цэ | I i | и | R r | эр |
Č č | чэ | J j | й, йoт, йy | S s | эс |
Ć ć | че (мнеккэ) | K k | ка | Š š | эш |
D d | дэ | L l | эл | T t | тэ |
Dž dž | джэ | Lj lj | ле, эль | U u | у |
Đ đ | дже (мнеккэ) | M m | эм | V v | вэ |
E e | э | N n | эн | Z z | зэ |
F f | эф | Nj nj | не, энь | Ž ž | жэ |
Сербаг æмæ хорватаг æвзаджы иухуызон чи не сты, цалдæр ахæм дзырды
[ивын | Бындур ивын]Иронау | Хорватагау | Сербагау |
---|---|---|
Абарын | Usporedba | Поређење (Poređenje) |
Европæ | Europa | Европа (Evropa) |
Нидерландтæ | Nizozemska | Холандија (Holandija) |
Италиæгтæ | Talijani | Италијани (Italijani) |
Дуне | Svemir | Васиона (Vasiona) |
Рагъ | Kralježnica | Кичма (Kičma) |
Уæлдæф | Zrak | Ваздух (Vazduh) |
Ахуыр | Odgoj | Васпитање (Vaspitanje) |
Къуыри | Tjedan | Седмица (Sedmica) |
Истори | Povijest | Историја (Istorija) |
Хæлаф | Hlače | Панталоне (Pantalone) |
Гуыбын | Trbuh | Стомак (Stomak) |
Зонад | Znanost | Наука (Nauka) |
Мæхæдæг, йæхæдæг... | Osobno | Лично (Lično) |
Адæймаг | Osoba | Лице (Lice) |
Иугонд Нацитæ | Ujedinjeni Narodi | Уједињене Нације (Ujedinjene Nacije) |
Кæрдзын | Kruh | Хлеб (Hleb) |
Аразгæ | Umjetno | Вештачки (Veštački) |
Дзуар | Križ | Крст (Krst) |
Демократи | Demokracija | Демократија (Demokratija) |
Сакъадах | Otok | Острво (Ostrvo) |
Афицер | Časnik | Официр (Oficir) |
Дæргъ | Duljina | Дужина (Dužina) |
Ассоциаци, æмбалад | Udruga | Удружење (Udruženje) |
Фабрикæ | Tvornica | Фабрика (Fabrika) |
Иумæйаг | Opće | Опште (Opšte) |
Чырысти | Krist | Христoс (Hristos) |
Бахатыр кæн | Oprosti | Извини (Izvini) |
Мадæлон æвзаджы стандарт | Materinski jezićni standard | Матерњи језички стандард |