Перейти к содержанию

Триест

45°38′00″ с. ш. 13°48′00″ в. д.HGЯO
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Сахар
Триест
итал. Trieste
Тырыса Герб
Тырыса Герб
45°38′00″ с. ш. 13°48′00″ в. д.HGЯO
Паддзахад Итали Итали
Регион Фриули — Венеци-Джули
Провинци Триест
Истори æмæ географи
Фæзуат 84,49 км²
Центры бæрзæнд 2 м
Сахатон таг UTC+1:00, сæрды UTC+2:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ
Цифрон идентификатортæ
Телефонон код +39 040
Посты индекстæ 34100
comune.trieste.it(итал.)
Триест (Итали)
Триест (Фриули — Венеци-Джули)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Трие́ст (итал. æмæ вен. Trieste [triˈɛste], фриул. Triest, словен. æмæ хорв. Trst, лат. Tergeste, Tergestum) у Италийы сахар, Фриули-Венеци-Джулийы административон центр. Ис Итали æмæ Словенийы тæккæ арæныл, Венецийы бакæлæны былгæрон.

Цалдæр æнусы дæргъы Триест уыди Австрийы (1867-æм азæйАвстри-Венгрийы) ахсджиагдæр порттæй иу, уыцы империйы фыццаг æфсæнвæндаг дæр баста Венæ æмæ Триест (1857). Уыцы заман уый уыди Хуссар Европæйы хъæздыгдæр сахартæй иу. Дзæвгар райтынг дзы аивад дæр.

Фыццаг дунеон хæсты фæстæ Триест бахауд Италийы скондмæ. 1918-1920 азты сахары хицауиуæг кодтой Итали æмæ Австри иумæ.

Кæд сахары цæрджытæй фылдæр хай италиæгтæ уыдысты, уæддæр Италийы сконды триестæгты цард нæ фæхуыздæр и. Стыр империйы сæйргадæр портæй уый сси арæнгæрон сахар, уый йеддæмæ Италийы бирæ хуыздæр æвæрд порттæ куы и.

Италийы йæ тыхы бацыд фашизм. Уыцы æууæлты стыхджын адæмты ’хсæн тынгад, 1920-æм азы 13-æм апрелы фашистты къорд басыгътой словенæгты æмбырдгæнæн хæдзар «Народни дом». Æнусы райдиан сахары цæрджытæй цæппæрæм хай чи кодтой, уыцы словенæгтæ сахарæй ацæуын байдыдтой.

Дыккаг дунеон хæсты фæстæ Триест æд алфамбылæйттæ сси Иугонд Нациты Организацийы дæлбар сæрмагонд статусы территори — Триесты Сæрибар Территори. Хицауиуæг дзы кодтой АИШ æмæ Стыр Британийы æфсæддонтæ. Æрмæст 1954-æм азы октябры Триесты Сæрибар Территори ныддих кодтой Итали æмæ Югославийы ’хсæн — Триест ногæй сси Италийы хай. Дыууæ паддзахады ’хсæн арæн ныффидар 1975-æм азы Осимойы бадзырдмæ гæсгæ, ныртæккæ у Словени æмæ Италийы ’хсæн арæн.

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]