Тетцойты Таймураз

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Тетцойты Таймураз
Райгуырды датæ 1922-æм азы 1 сентябры(1922-09-01)
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 2010-æм азы 9 апрелы(2010-04-09) (87 азы)
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз поэт

Тетцойты Гацыры фырт Таймураз (райгуырдис 1922-æм азы Чырыстонхъæуы — амардис 2010-æм азы) у ирон (дыгурон) поэт.

Цардафыст[ивын | Бындур ивын]

Таймураз райгуырдис Цæгат Ирыстоны Чырыстонхъæуы. Астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы фистæг æфсады скъолайы. 1942 азы йæ арвыстой Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ. Хæсты фæстæ уыдис советон оккупацион æфсæдты къордимæ Германы зæххыл. Ирыстонмæ сыздæхтис 1946 азы æмæ куыста колхозы. 1950 азы каст фæцис ахуыргæнджыты институт, 1955 азы та — Мæскуыйы М. Горькийы номыл литературон институт. Цалдæр азы бакуыста ахуыргæнæгæй Дигорайы.

Таймуразы æмдзæвгæтæ фыццаг хатт мыхуыры фæзындысты журнал «Мах дуджы» 1949 азы. Ныффыста бирæ поэтикон чингуытæ. Сæ зынгæдæртæ сты: «Мæ уарзт æма мæ маст» (Орджоникидзе, 1963), «Мæ рæстзæрдæ æууæнкæ» (Орджоникидзе, 1974), «Уарзт æмæ лæгдзийнадæ» (Орджоникидзе, 1977), «Хуæнхаг дон» (Орджоникидзе, 1983), «Лирикæ» (Орджоникидзе, 1988), «Нифс» (Дзæуæгигъæу, 1993).[1]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Ирыстоны поэзи // Чиныг сарæзта æмæ цыбыр биографион зонæнтæ ныффыста Хъодзаты Æхсар. Дзæуджыхъæу, Издательство «Веста», 2012