Перейти к содержанию

Тедеты Ефим

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Тедеты Ефим
Райгуырды датæ 1929-æм азы 10 апрелы(1929-04-10) (95 азы)
Райгуырæны бынат
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз поэт

Тедеты Уасилы фырт Ефим (райгуырдис 1929-æм азы Хъорсеуы) у ирон поэт.

Цардафыст

[ивын | Бындур ивын]

Тедеты Ефим райгуырди Хуссар Ирыстоны Хъорсеуы хъæуы. 1949 азы йæ бинонтæ ралыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ æмæ æрцардысты Тарскæйы. Ефим каст фæци астæуккаг скъола æмæ Цæгат Ирыстоны пединституты историон-филологион факультет.

Куыста ахуыргæнæгæй, Къостайы номыл литературон музейы, Цæгат Ирыстоны Фысджыты цæдисы литературон консультантæй.

Йæ фыццаг поэтикон чиныг рацыди 1958 азы. Уый фæстæ ма рауагъта иу дæс чиныджы, сæ сæйрагдæртæ: «Фарн уæм бадзурæд» (Орджоникидзе, 1972), «Фæдзæхст дуне» (Орджоникидзе, 1979), «Урс доны былыл сау фæрдыг» (Орджоникидзе, 1982), «Кадæггæнæг» (Орджоникидзе, 1987), «Арвы дуар» (Дзæуджыхъæу, 1998).[1]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Ирыстоны поэзи // Чиныг сарæзта æмæ цыбыр биографион зонæнтæ ныффыста Хъодзаты Æхсар. Дзæуджыхъæу, Издательство «Веста», 2012