Перейти к содержанию

Тарскæй

42°58′06″ с. ш. 44°46′10″ в. д.HGЯO
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Тарскæ-æй æрвыст)
Хъæу
Тарскæй
уырыс. Тарское
мæхъхъ. Ангушт
42°58′06″ с. ш. 44°46′10″ в. д.HGЯO
Паддзахад Уæрæсе Уæрæсе
Федерацийы субъект Цæгат Ирыстон
Муниципалон район Горæтгæроны район
Истори æмæ географи
Бындурæвæрд XVII æнус
Фæзуат
  • 84,46 км²
Сахатон таг UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ 2843[1] адæймаджы (2023)
Цифрон идентификатортæ
Посты индекстæ 363106
Тарскæй (Уæрæсе)
Тарскæй (Цæгат Ирыстон)
Тарскæй (Горæтгæрон район)

Тарскæй[2], вариант Тарскæ (уырыс. Тарское; мæхъхъ. Ангушт) у Цæгат Ирыстоны Горæтгæроны районы хъæу. Цæрынц дзы 2,7 мин адæймаджы (мæхъхъæл æмæ ирæттæ).

Станицæ Тарскæй уыцы бынаты фæзындис 1861-æм азы[3], уый баст уыдис, фидар Дзæуджыхъæуæн сахары статус кæй радтой, уыимæ. Сахармæ ’ввахс Терчы галиу былыл цы станицæ уыдис (Владикавказская), уый цæрджытæ ралидзын кодтой ног бынатмæ. Тарскæйы агауы цы мæхъхъæлон цæрджытæ уыдысты, уыдон та ралидзын кодтой быдырмæ 1860-æм азы.

1920-æм азы советон хицауады барамындмæ гæсгæ хъазахъхъаг цæрджыты ралидзын кодтой бæстæйы цæгатмæ, Тарскæйы та æрцæрын кодтой мæхъхъæлæтты. 1944-æм азы, мæхъхъæлон адæмы депортацийы фæстæ, афтид хъæумæ æрцæрын кодтой ирæтты. Реабилитацийы фæстæ Тарскæйы цæрынц ирæттæ æмæ мæхъхъæлæттæ, иуæй-иу иннæ хъæуты хъауджыдæр цардысты æмæ ныр дæр цæрынц хицæн сыхты.

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]