Перейти к содержанию

Тахъазты Фидар

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Тахъазты Фидар
Райгуырды датæ 1960-æм азы 4 февралы(1960-02-04) (64 азы)
Райгуырæны бынат
Зонады къабаз æвзагзонынад æмæ этнографи

Тахъазты Мæхæмæты фырт Фидар (дыгуронау Тахъазти Мæхæмæти фурт Федар; райгуырдис 1960-æм азы 4 февралы Лескены) у зындгонд ирон ахуыргонд, филологион зонæдты доктор, ирзонæг, ирон æвзаджы æнувыд иртасæг, бирæ зонадон куыстыты автор.

Астæуккаг скъола каст фæци 1977-æм азы, уый фæстæ службæ кодта Советон Æфсады рæнхъыты. 1981-æм азы бацыдис Цæгат Ирыстоны паддазахадон университеты филологон факультетмæ, райста дзы ирон æмæ уырыссаг æвзаджы ахуыргæнæджы дæсныйад. Бирæ азты дæргъы ахуыргæнæгæй куыста Мæцутæйы, Толдзгуны, Дзæуджыхъæуы скъолаты.

Тахъазы-фырт сарæзта тæккæ хуыздæр чиныг, ирон æвзаг хæдахуырæй чи ахуыр кæны, уыдонæн («Самоучитель осетинского языка», 2004).

Уый иртаста пысылмон дины бынат традицион ирон культурæйы, йæ кандидаты диссертаци дæр уыимæ баст у, йæ темæ уыдис: «Пысылмон тæваг ирæтты фольклорыл» (уырыс. Исламские мотивы в фольклоре осетин). Тахъазы-фырт ратæлмац кодта Хъуыран дыгурон диалектмæ[1].

Зонадон куысты йеддæмæ, фæфыссы ма радзырдтæ æмæ æмдзæвгæтæ сывæллæтæн[2].

Библиографи

[ивын | Бындур ивын]
  • Тахъазти Ф. Дигорон-уруссаг дзурдуат. Дзæуæгигъæу. 2003. 736 ф.
  • Таказов Ф. М. Самоучитель осетинского языка. Ч. I и II (для начинающих). Владикавказ, 2004, 2005

Æддаг æрмæг

[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]