Тамар (Даредзанты таурæгътæ)
Тамар | |
---|---|
Æрд | сылгоймаг |
Мой | Амыран |
Тандет-Тундеты чызг буц Тамар у Даредзанты Амраны усаг.
Амран Æхсон уæйыджы аст сæры куы ахауын кодта, уæд дзы уый куырдта, цæмæй йын йæ фарæстæм сæр ныууагътаид. Уæйыджы фæндоныл Амран не сразы, æмæ йæ уæд уæйыг ралгъыста: «Уæдæ Тандет-Тундеты чызг буц Тамар цалынмæ усæн дæ къухы бафта, уалынмæ дæ тых мауал уæд!».
Амран Тамары нæ зоны, фæлæ йæ агуры, цæмæй йæ тых фæстæмæ йæхимæ æрцæуа, уый тыххæй. Тамар та зыдта, Амран йæ мойаг кæй у, уый, æмæ йæм æнхъæлмæ каст. Æртæ æфсымæры йæ агурæг Тандет-Тундеты Калакмæ куы æрбахæццæ сты, уæд дæр сæ фыццагдæр йæхæдæг базыдта. Амран æм къæртайы донимæ сусæгæй йæ къухдарæн сæрвыста. Тамар йæ къухтæ куы æхсадта, уæд къухдарæн йе ’нгуылдзыл абадти. Тамар та йын йæ сæры хъуынтæй иу æрду рарвыста. Амран æй йæ сæрыл куы æрбатыхта, уæд йæ хъару йæ бынаты абадти.
Тамар йæхæдæг йæхи æххуысæй йæхи аскъæфын кодта. Фæдисæттæ сæ цæмæй ма раййафой, уымæн мадзæлттæ дæр йæхæдæг аразы. Зонынджын уыд Тамар. Йæ ныхас цæуаг у, æмæ сæ фæдисæттæ куы æрбацæйæййæфтой, уæд уым йæхицæн фестын кодта æртæ æддæгуæлæ бæстыхай, йæ цыппар фисыны — цыппар мæсыджы. Уыцы агъуыст сæ рæстæгмæ бахъахъхъæдта фæдисæттæй. Семæ хæсты Бадри æмæ Мысырби, стæй сауджыны къухæй Амран куы фæмард вæййынц, уæд сауджыныл дæр уый зондæй фæтых вæййынц. Уый райгас кæны мардæгасгæнæн суадоны донæй æртæ æфсымæры дæр, æмæ Амранимæ Йамоны хойы хæдзары уыдис сæ диссаджы чындзæхсæв[1]
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Цгоев Х.Ф. Словарь осетинской мифологии и уклада жизни. — 2 издание, дополненное и исправленное — Владикавказ: СОИГСИ ВНЦ РАН, 2017. — 753 с.