Ростъом

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Ростъом
Æрд нæлгоймаг
Династи Даредзантæ
Фыд Джиби
Сывæллæттæ Зурапп

Ростъом — у Даредзанты таурæгъты хъайтар. Хъæбатыр хæстон лæг æмæ, Индостанмæ Апрасион куы ныббырста, уæд æм æххуысмæ ацыд æмæ хъахъхъæдта паддзахы цæхæрадон. Хæстмæ цæугæйæ Ростъом йæ усы аринагæй ныууагъта æмæ йын бафæдзæхста, лæппу куы ныййарай, уæд ыл-иу ном Зурапп сæвæр, зæгъгæ, куы бахъомыл уа æмæ мæ агурын куы байдайа, уæд ын-иу йе ’фцæджы бафтау Тутыры конд æртытæ, арвы дзæнгæрджытæ æмæ Йайы сыфтæ. Æмæ йын-иу иттæг бафæдзæхс: цалынмæ мæм æрхæццæ уа, уалынмæ сæ ма фесафæд, уыдонмæ гæсгæ йæ æз базондзынæн, куы мæм æрхæццæ уа, уæд. Усæн лæппу куы райгуырд, уæд йæ мойы ныстуан бæргæ сæххæст кодта, фæлæ Зураппы фæндагыл хæйрæджытæ суынгæджы кодтой, арвы бын ай хуызæн барæг куы нæ ис, уæ тæхуды, йе ’фцæджы чи ис, уыдон æй куы нæ уаиккой, уæд, ныр та чызгæнгæс у, зæгъгæ. Зурапп фæмæсты, адоны тыххæй цæмæн фауд уон, зæгъгæ, сæ раскъуыдта æмæ сæ базæй саргъы астæу цæвæры.

Ростъом йæ фырт Зураппимæ куы фембæлынц, уæд кæрæдзи нæ базонынц æмæ схæцынц. Фæстагмæ йæ Зурапп йæ быны афсæры, æмæ йæ Ростъом бынæй уæлæмæ йæ хъамайæ срæхойы. Зурапп ма ныхъхъæр кодта: «Амардтай мæ! Фæлæ додой дæ къона кæны, ахæм фыд мын ис, Ростъом, æмæ кæд уæларвмæ цæуай, уæд дæ ахсдзæн дæ фæстаг къахæй, кæд æмæ дæлдзæхмæ цæуай, уæд та — дæ коцорайæ». Ростъом йæ хуыцауы цæф куы базыдта, уæд ма удæгасгæнæг хос бацагуырдта Индостаны паддзахæй, фæлæ йын æй йæ цæст нæ бауарзта. Æмæ Ростъом йæ фырты ахæссы талынгыстонмæ, адæймаджы хъæр кæдæм нæ хъуысы, ахæм арф ранмæ. Уый тыххæй æмæ æртæ азы афтæ куы бадтаид, уæд, Даредзанты æгъдау куыд уыди, афтæмæй райгас уыдаид Ростъомы фырт.[1]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Цгоев Х.Ф. Словарь осетинской мифологии и уклада жизни. — 2 издание, дополненное и исправленное — Владикавказ: СОИГСИ ВНЦ РАН, 2017. — 753 с.