Æхсон уæйыг

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Æхсон уæйыгДаредзанты таурæгъты цæры Тесы къæдзæхты Фарастсæрон уæйыг. Иуыл у æхсонæй арæзт. Цирхъ æй нæ кæрды, фат дзы нæ хизы. Йæ хъæлæсæй цæхæр калы. Йæ мæлæт у йæхи цирхъæй. Амран ыл фæтых, йæ сæртæй йын аст ахауын кодта, фæлæ йæ фарæстæмæй сдзурын бауагъта, æмæ йæ уый ралгъыста: «Уæдæ Тандет-Тундеты чызг буц Тамар цалынмæ усæн дæ къухы бафта, уалынмæ дæ тых мауал уæд!». Уæйгуытæн се ’лгъыст цæуаг уыд, Амран цалынмæ буц Тамары усæн æрхаста, уæдмæ йæ тыхæй йæ бынаты æппындæр ницыуал уыд.

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

  • АРВЫ ДУАР. Ирон мифологи æмæ цардыуаджы дзырдуат. Чиныг сарæзта Цгъойты Хазби. – Дзæуджыхъæу, «ИР», 2005 – 232 с.

Кæс ноджы[ивын | Бындур ивын]