Перейти к содержанию

Сывæллæтты æмæ фæсивæды паддзахадон театр «Саби»

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Сывæллæтты æмæ фæсивæды паддзахадон театр «Саби» у театр Цæгат Ирыстоны сæйраг сахар Дзæуджыхъæуы. Сценæйыл дзы адæймаг актёрты бæсты фæархайынц куклатæ.

Спектакльтæ дзы æвæрд цæуынц ирон æмæ уырыссаг æвзагыл. Фæстаг цалдæр дæсазы дæргъы иронау æвæрд спектакльты нымæц кодта къаддæрæй къаддæр. Уыцы уавæры сæвзæрдæн театры раздæры разамонæг Цориты Нох скодта ахæм аргъ[1]:

«

Ныртæккæ теарты репертуары ис 63 спектаклы. Уыдонæй иронау æвæрд чи у, уыдон хæрз цъус сты — æдæппæтæй аст. Махæй цы домдæуы, уый æвæрæм сценæйыл (уырыс. спрос диктует предложение): цæгатирыстойнаг театрдзаутæн сæ фылдæрæн хъæуы уырыссагау æвæрд пьесæтæ. Уый дын æвзаджы популяризацийыл дзургæйæ. Ирон æмæ уырыссаг спектакльты нымæц хъуамæ уа æмхуызон — æрдæг иуыл, æрдæг та иннæйыл. Мадæлон æвзаг нал хъæуы ахуырдзауты. Суанг ма иуæй-иу ирон хъæуты курынц, цæмæй сын æвдисой уырыссаг спектакльтæ. Фæстаг 20 азы дæргъы иунæг драматург, фыссæг нæ ныффыста нæ театрæн пьесæ иронау. Уый хынцгæйæ, бахъæуы тæлмац кæнын уырыссаг аргъæуттæ ирон æвзагмæ.

»

Театры истори

[ивын | Бындур ивын]

Театры бындур æвæрд æрцыдис 1940-æм азы. Йæ саразыныл зæрдиагæй чи бакуыста, уыдон сты Боциты Барон, уырыссаг драмон театры актёр А.В. Дуганский æмæ йе ’мархайджытæ Е. Самсоненко æмæ М. Батаев, стыр энтузиаст К. Волкова, «Сабийы» фыццаг актёртæ З. Евстигнеева-Киселева, Е. Печуркина-Зубина, О. Терехова, Е. Ядыкина, Н. Дмитриева, В. Моргунов, нывгæнæг Е. Айвазов æмæ бирæ æндæртæ.

Райдианы уагдонæн уыдис уырыссаг куклаты театры статус, ома æппæт спектакльтæ дæр æвæрд цыдысты уырыссаг æвзагыл. Рæхджы æхзызгон бахъуыдис æвæрын пьесæтæ ирон театрдзаутæн, фæлæ республикæйы нæ уыдис иронау чи куыстаид, ахæм куклаты актертæ. Уый хынцгæйæ, 1956-æм азы Дзæуджыхъæуы аивæдты училищейы байгом чындæуыд, куклаты актёрты кæм ахуыр кодтой, ахæм студи. Йæ фыццаг 10 рауагъдоны систы ирон куклаты театры астæуцæджындз. Афтæмæй иу агъуысты кусын райдыдтой дыууæ труппæйы: ирон æмæ уырыссаг.

Æндæр æмæ æндæр азты театры куыстой режиссёртæ В. Ткаченко, Н. Терский, Цæлыккаты М., С. Федорович, Мæхъиты И., Дауыраты З., нывгæнджытæ Е. Айвазова, М. Лысов, О. Малтызова, Хетæгкаты М., Б. Митрофанов, А. Чеботарёв æмæ æндæртæ.

Куклаты драматургийы сæ фыццаг къахдзæфтæ чи акодта, уыдоны ’хсæн уыдысты Б. Боциев («Адæймаг æмæ Домбай»), Хъайырты В. («Ацæмæз»), Тебиаты М. æмæ Гайты М. («Дзеджы фырт Дзег»), Ю. Саратовский («Нарты Сослан»), Хъазыбегты К. («Нарты Батрадз»), Хæмыцаты Ц. («Амонды дидинæг»), Б. Кеворков («Кокули»), Дауыраты Х. («Æлгъыст мæсыг»), Кочысаты З. («Муртуз в космосе»), Цæлаккаты М. («Хæхты цот»), Бицъоты Т. («Хъазыбеджы таурæгъ»), В. Районов («Æхсар æмæ Æхсæрттæг») æмæ æндæртæ.

Бирæ азты дæргъы театры сæргъы уыдис Цориты Нох. 2010-æм азы ног разамонæгæй сфидар чындæуыд Колыты Владислав.

Литературæ

[ивын | Бындур ивын]
  • Северо-Осетинский республиканский театр «Саби»/сост. З.Л. Хугаева. Орджоникидзе, 1981.

Æрвитæнтæ

[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Газет «Народы Кавказа», 2009 аз, №7