Гæджиты Алыксандр
Гæджиты Алыксандр | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1922-æм азы 16 июны |
Райгуырæны бынат |
|
Мæлæты датæ | 1981-æм азы 30 сентябры (59 азы) |
Мæлæты бынат | |
Хуындад | булкъон[d] |
Хорзæхтæ æмæ премитæ |
Гæджиты Максимы фырт Алыксандр (райгуырдис 1922-æм азы Дзæуджыхъæуы — амардис 1981-æм азы 16 октябры) уыдис советон æфсæддон, Советон Цæдисы Хъæбатыр. Ахуыр когда Дзæуджыхъæуы цыппæрæм астæуккаг скъолайы. Скъолайы фæстæ бацыдис Дзæуджыхъæуы аэроклубмæ, ахуыр кæнынмæ. 1939-æм азы æнтысджынæй каст фæцис аэроклуб æмæ уыцы аз бацыдис Ейсчы æфсæддон-денджызон авиацийы ахуыргæнæндонмæ.
1941-æм азы июны мæйы йын радтой сержанты чин æмæ æрвыст æрцыд Сабыр фурды авиацион хæйттæй сæ иумæ. 1944-æм азы æрвыст æрцыдис Балтийы флоты Сырхтырысаджын авиацийы 1-æм гвардион авиацион полкмæ. Дыууæ хатты хорзæхджын æрцыдис Сырх Тырысайы орденæй. 1944 азы мæйы фæстæмæ акодта 28 хæстон атахты æмæ се ’ппæт дæр уыдысты æнтыстджын. Балты денджызы дард коммуникациты фæдæлдон кодта, сæ иумæйаг донгуырахст 18 500 тоннæйы кæмæн уыд, цыппар ахæм транспорты æмæ иу та 1 200 тоннæйы донгуырахстджын дæлдоннау.
1945-æм азы Гæджийы-фырты снысан кодтой эскадрильяйы командиры хæдивæгæй. Радтой йын ног æфсæддон чин — хистæр лейтенант.
1945 азы 6 мартъийы ССР Цæдисы сæйраг Советы Президиумы указмæ гæсгæ тохы быдыры командæгæнджыты хæстон бардзырдтæ цæсгомджынæй æххæст кæнын æмæ немыцаг тыхæйисджыты ныхмæ стыр арæхст æмæ хъайтардзинад равдисыны тыххæй Гæджиты Максимы фырт Александрæн лæвæрд æрцыдис Советон Цæдисы Хъæбатыры ном.
1953-æм азы каст фæцис Ленинграды æфсæддон-денджызон академии æмæ куыста ахуыргæнæгæй. Гæджиты Алыксандр амардис 1981-æм азы 16 октябры.
- 16 июны чи райгуырдис, уыдон
- 1922-æм азы чи райгуырдис, уыдон
- Дзæуджыхъæуы чи райгуырдис, уыдон
- 30 сентябры чи амардис, уыдон
- 1981-æм азы чи амардис, уыдон
- Мæскуыйы чи амардис, уыдон
- Советон Цæдисы хъæбатыртæ
- Ленины ордены кавалертæ
- Сырх Стъалыйы ордены кавалертæ
- Зындгонд адæм алфавитмæ гæсгæ
- Ирæттæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты
- Гæджитæ