Гæгкуыты Ерыстау

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Гæгкуыты Ерыстау, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг. Райгуырдис Сечеры, хъомыл ссис Ставд Дурты. Ахуыр кодта хъæуы скъолайы. Каст æй фæци æмæ бацыд Дзæуджыхъæуы педагогон техникуммæ. Уый фæстæ райдыдта Ставд Дурты скъолайы кусын нывгæнынады ахуыргæнæгæй. Йæ куыст зыдта хорз. Скъоладзаутæ йæ уарзтой бирæ, ныв кæныныл фæцалх сты.

Хъæуы цæрджытæ дæр бирæ бауарзтой Ерыстауы. Азтæ цыдысты, Уалынмæ ралæууыд Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Ерыстау архайдта, цæмæй ацæуа фронтмæ. Къорд хатты бацыдис Елхоты æфсæддон комиссарадмæ, фæлæ йæ хъуыды йæ къухмæ нæ бафтыдис. Фыццаг бонты йæ уымæн нæ арвыстой хæстмæ æмæ йе ’нæниздзинад хорз нæ уыдис. Æмæ та уæддæр бацыдис æфсæддон комиссарадмæ курдиатимæ, цæмæй йæ арвыстаиккой хæсты быдырмæ.

Ацы хатт æм байхъуыстой æмæ йæ 1942 азы мартъийы арвыстой Дзæуджыхъæуы 2-æм хæстон скъоламæ. Ерыстау та балæвæрдта скъолайы хицаумæ рапорт: «Арвитут мæ хæсты быдырмæ». Скъолайы хицау сразы ис Ерыстауы фæндоныл, æмæ сæ цалдæрæн арвыстой Ленинграды фронтмæ. Уым йæхи равдыста хъæбатыр хæстонæй.

Иу карз ныббырсты Гæгкуыйы-фырт фæцис уæззау цæф. Афтæмæй йæ фашисттæ ссардтой æмæ 1942 азы августы бакодтой йæ концлагеры, фæлæ куыддæр йæ къухы бафтыд алидзын. Ерыстау бацыд францаг партизанты къордмæ. Францаг партизантæ ирон лæппуйæ уыдысты бузныг, дис ын кодтой йæ хъæбатырдзинæдтыл.

1945 азы хæст фæци. Ерыстауæн дæр бар радтой йæ Райгуырæн бæстæмæ ссæуын, æмæ сыздæхт Ирыстонмæ. Йемæ схаста, Францы цы партизанты къордимæ хæцыд немыцы ныхмæ, уый тыххæй сæрмагонд гæххæттытæ. Уыдоны фыст уыдис, Гæгкуыты Ерыстау æцæгæйдæр кæй уыдис Францы партизантимæ хъæбатырæй кæй хæцыд немыцы ныхмæ. Партизанты къорды разамонæг ын саккаг кодта Кады грамотæ дæр.

Ерыстау кæд уацары уыд, уæддæр йæ райгуырæн бæстæйыл стырзæрдæ никуы ссис. Францæй куы æрбаздæхт, уæддæр ма Ерыстау Советон Æфсады рæнхъыты баслужбæ кодта 1946 азы онг. Ставд Дуртæм куы сыздæхт, уæд æм уыд бирæ рæсугъд фæндтæ, фæлæ иу-изæр сæ хæдзары раз «Сау халон», зæгъгæ, кæй хуыдтой, ахæм хæдтулгæ, æрлæууыд æмæ Ерыстау йæ сæрæн ннцы зыдта, афтæмæй йæ уым баппæрстой. Йæ бинойнаг Майя ма йæ фæстæ бæргæ разгъордта. Бæргæ ма лæгъстæ кодта НКВД-йы кусджытæн, цæмæй йын йæ мойы ныууагътаиккой. Фæлæ йæм уыдон хъусгæ дæр нæ бакодтой. Уæвгæ, æрмæст Ерыстау нæ бахауд уыды карз рæстæг ахæм уавæры. Уыдон уыдысты сæдæгæйттæ, мингæйттæ.

Авд азы фæрахау-бахау кодта ахæстæтты Ерыстау. 1955 азы бахауд амнистимæ æмæ ссыд йæ уарзон Ставд Дуртæм. Йæ фæллад дæр не суагъта, афтæ райдыдта хъæуы астæуккаг скъолайы нывкæнынад æмæ черченийы ахуыргæнæгæй кусын. Ахуырдзаутæн лæвæрдта арф æмæ фидар зонындзинæдтæ. Скъоладзаутæ йын йæ алы урокмæ дæр сæхи цæттæ кодтой зæрдиагæй. Бирæ йэе уарзтой æмæ йын стыр аргъ кодтой хъæубæстæ. Ахæм циндзинад, зианы хабар хъæубæсты нæ уыд æмæ-иу Ерыстау лæггад, кæм нæ бакодта.

Йæ бинойнаг Майяимæ схъомыл кодтой дыууæ чызджы æмæ дыууæ фаззон лæппуйы. Уыдонæн сæ хистæр Бэлæ ныртæккæ кусы Ставд Дурты астæуккаг скъолайы директорæй. Бирæ йæ уарзынц æмæ йын йæ фыдау стыр аргъ кæнынц хъæубæстæ. Кæд абоны зын уавæрты æнцон нæу скъолайы разамонæгæй кусын, уæддæр Бэлæ йе ’ппæт хъарутæй æмæ зонындзинæдтæй дæр архайы, цæмæй ахуырдзаутæ исой арф æмæ фидар зонындзинæдтæ.

Ерыстауы нæ рох кæнынц йæ хъæубæстæ. Уый царды мидæг раст фæндагыл цы бирæ лæппуты æмæ чызджыты сарæзта, уыдон æй абон дæр хорзæй мысынц. Арæх бабæрæг кæнынц æмæ дидинджытæ сæвæрынц сæ уарзон ахуыргæнæджы ингæныл.