Скъодтаты Эльбрус
Скъодтаты Эльбрус | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1959-æм азы 14 ноябры (65 азы) |
Райгуырæны бынат | |
Æмбæстонад (дæлхицауад) | |
Ахуырад | |
Архайды хуыз | поэт, публицист, сæйраг редактор |
Уацмысты æвзаг | ирон æмæ уырыссаг |
Хорзæхтæ |
Скъодтаты Барисы фырт Эльбрус, дыгур. Скъодтаты Эльбрус (райгуырдис 1959-æм азы 14 ноябры Сырх Дыгуры) у дыгурон поэт, прозаик, драматург, публицист, тæлмацгæнæг, Фысджыты Цæдисы уæнг, литературон-аивадон журнал «Ирæф»-ы сæйраг редактор.
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]Эльбрус райгуырдис Цæгат Ирыстоны, Сырх Дыгуры хъæуы. Астæуккаг скъола каст куы фæцис, уæд бацыдис Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институтмæ æмæ 1983 азы ссис инженер-аразæг. Куыста проектон институты. 1991 азæй фæстæмæ кусы журнал «Ирæф»-ы редакцийы.
Эльбрус æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта, студент ма куы уыдис, уæд. Йæ фыццаг чиныг «Рæстæг æма дуйне» рацыдис 1991-æм азы Дзæуджыхъæуы. Уый фæстæ ма рауагъта ахæм поэтикон æмбырдгæндтæ: «Хусфæрæк» (чиныгуадзæн «Ир», 1996), «Фæлмæ» (чиныгуадзæн «Ир», 2002), «Бонивайæн» (чиныгуадзæн «Ир», 2007).
Эльбрус æмдзæвгæтæ фыссынæй фæстæмæ ма архайы, фыдæлтæй нын цы сфæлдыстадон бынтæ баззадис, уыдон бабиноныг кæныныл. 2005-æм азы Къибирты Амырханимæ сарæзта дыгурон Нарты кадджыты чиныг, стæй джиппы рауагъта Багъæраты Созыры æмдзæвгæты æмбырдгонд, 2007-æм азы та — Гарданты Михалы уацмыстæ.
У РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг (2016), Национ преми «Нарты фæткъуы»-йы (2009) æмæ Твардовскийы номыл Патриотон поэзийы æппæтуæрæсеон конкурсы лауреат (2019).
2012 азы йын лæвæрд æрцыд Н. Михалковы «Уæрæсейы культурæйы фонд»-ы Кады гæххæтт, 2020 азы та – майдан «Цæгат Ирыстоны кадæн».