Перейти к содержанию

Санаты Уари

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Санаты Уари
Райгуырды датæ 1884
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1968-æм азы 15 сентябры(1968-09-15)
Мæлæты бынат
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз фыссæг, поэт
Уацмысты æвзаг ирон
Хорзæхтæ
орден «Кады Нысан»

Санаты Умары фырт Уари (райгуырди 1884-æм азы Бруты хъæуы — амарди 1968-æм азы 15 сентябры) у ирон аив дзырды дæсны, фыссæг-таурæгъгæнæг.

Цардафыст[ивын | Бындур ивын]

Астаздзыдæй йæ радтой Стъараполы гимназмæ, фæлæ дзы ’рмæст æхсæзæм къласмæ фæцахуыр кодта: йæ фыд фæзиан, æмæ Уари сыздæхт йæ райгуырæн уæзæгмæ.

1924 азы æнæнхъæлæджы йæ къухты топп схæцыд, æмæ Уари саугуырм баци. Фæлæ та ацы хатт дар лæджыхъæдджын разынд, цардыл йæ къух нæ ауыгъта — бацыд куырмытæ æмæ къуыттыты Æхсæнадмæ æмæ дзы хъазуатонæй куыста.

Фæстæдар сæ бинонтæ ралыгъдысты Хъобанмæ. Ам сси ногдзауты дыууæ лагеры комендант. Рагæй фæстæмæ дæр зæрдæргъæвд уыд фыдæлтыккон кæдджытæ, таурæгътæ æмæ аргъæуттæм хъусынмæ, банкъардта æмæ бауарзта ирон алæмæты дзырды ад. Æмæ 1926 азы йе ’ргом аздæхта литературон сфæлдыстадмæ. Йæ хуыздæр уацмысты бындур систы хъобайнаг хъайтарты тыххæй таурæгътæ — Тлаттаты Чермен æмæ Алыккаты Батæйы фырттæ Будзи æмæ Аслæнбегыл.[1]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Санаты Уари (1884—1968). Журнал «Мах дуг», 2013 аз, №3, 94-æм фарс