Къочитæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Къочитæ (уырыс. Кочиевы) сты дыгурон мыггаг.

Равзæрд[ивын | Бындур ивын]

Рагон таурæгъмæ гæсгæ, дам, Къочи, Салхъазан, Боци, Барахъ, Нани уыдысты иу артæй байуаргæ æфсымæртæ. Уыдысты, дам, Хъалæгаты мыггагæй. Фæстагмæ æфсымæртæй чидæртæ царди Уæлладжыры комы, Мызуры. Уырдыгæй Салхъазан æмæ Къочийы цотæй чидæртæ алыгъдысты Дыгуры коммæ. Салхъазан æрцард Гæлиаты Цирухсхъæуы, Къочийы цот та — Доныфарсы. Ацы хъæуты устытæ ракуырдтой, бинонты хицæуттæ систы. Салхъазаны фырт йæ мыггаг хуыдта Салхъазантæй, Къочийы-фырт та — Къочитæй. Афтæмæй фæзынди ног мыггæгтæ — Салхъазанты мыггаг — Гæлиаты хъæуы, Къочиты мыггаг та — Доныфарсы.[1]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.