Пысылмон уынаффæгæнæн æмбырд

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Пысылмон уынаффæгæнæн æмбырд, кæнæ Меджлис (перс. مجلس شورای ﺍﺳﻼﻣﯽMajles-e Showrā-ye Eslāmī) у Ираны пысылмон республикæйы иупалатон парламент. Ис дзы 290 депутаты (2000-æм азы 18 февралы агъоммæ — 270). Ныртæккæ Меджлисы сæрдар у Али Ардашир Лариджани.

Пысылмон революцийы агъоммæ Меджлис уыди Ираны дыууæпалатон парламенты бинаг палатæ (уæллаг — Сенат). Сарæзтæуыд 1906-æм азы ног конституцийы бындурыл. Йæ уæды ном уыди Националон уынаффæгæнæн æмбырд (перс. مجلس شورای ملی).

1963-æм азы онг сылгоймæгтæн нæ уыди хъæлæс кæныны бар. 1979-æм азы революцийы фæстæ парламенты уæллаг палатæ суагъдæуыд, Националон уынаффæгæнæн æмбырдæн та раивдæуыд йæ ном — ссис Пысылмон уынаффæгæнæн æмбырд.

Парламенты депутаттæ æвзæрст цæуынц æппæтадæмон æвзæрстыты 4 азы æмгъуыдмæ. Меджлисы бæрны ис закъæтты проекттæ æмæ бюджет аразыны хъуыддаг, стæй æхсæнадæмон бадзырдты ратификаци. Депутаттæм кандидатты сфидар кæны хъалагъурты уынаффæдон.

Ныртæккæ Меджлисы бынæтты 54% ахсынц консервативон цæдис «Абадгаран»-ы депутаттæ.