Пъереу
Гуырдзыстоны хъæуы тыххæй кæс Пъереу (Гуырдзыстон).
| Хъæу | |
| Пъереу | |
|---|---|
| 42°21′25″ с. ш. 43°35′50″ в. д.HGЯO | |
| Паддзахад |
|
| Район | Дзауы район |
| Истори æмæ географи | |
| Сахатон таг | UTC+3:00 |
| Цæрджытæ | |
| Цæрджытæ | 36[1] адæймаджы (2015) |
|
|
|
Пъереу[2][3] кæнæ Гыццыл Пъереу (гуырдз. პერევი) у дайуаг хъæу, Гуырдзыстон æмæ Хуссар Ирыстоны ’хсæн (Хуссар Ирыстоны ныгуылæйнаг арæныл).
Истори
[ивын | Бындур ивын]
2008-æм азы августы хæсты рæстæг Уæрæсейы æфсæдтæ Пъереу бацахстой. Евроцæдисы минæвæрттæ Уæрæсейы æфсæддонтæн бафæдзæхстой уыцы хъæуæй ацæуын.
2008-æм азы декабры фыццаг æмбис гуырдзыстойнаг барадхъахъхъæнджытæ фехъусын кодтой, хъæумæ ногæй хъус дарын кæй райдайдзысты, ахæм хабар. Уый фæстæ та Уæрæсейы æфсæддонтæ Гуырдзыстоны пъæлицæйы кусджыты хъæуæй ацæуын кодтой æмæ сæ раздæры позицитæ ногæй бацахстой; Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ Переуы æрбынæттон сты æппынкъаддæр 500 уæрæсейаг æфсæддоны[4].
Хуссар Ирыстоны хицауадмæ гæсгæ территориалон уагæй хауы Дзауы районмæ, Гуырдзыстоны та уыцы хъæуы Сачхерейы районмæ нымайынц. Æцæг, дыууæ паддзахады æхсæн арæн Пъереу дих кæны дыууæ хайыл, уый картæйыл бæрæг зыны.
Мыггæгтæ
[ивын | Бындур ивын]Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ 2015-æм азы Хуссар Ирыстоны цæрджыты сфыст
- ↑ Цховребова З. Д. Ойконимия Осетии. Юго-Осетинский научно-исследовательский институт им. З. Н. Ванеева. Цхинвал, 2003. 63 С.
- 1 2 Цхуырбаты З.Д., Дзиццойты Ю.А. Хуссар Ирыстоны топоними : Т. I: Дзауы район. — 2013. — 599 ф. — ISВN 978-5-02-038074-5
- ↑ Хъæу ногæй бацахстой // «Рæстдзинад», №238, 2008 азы 20 декабрь.